ЦХИНВАЛ, 28 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Мӕздӕджы районы ссардтой дыууӕ скъоладзауы мӕрдон буӕрттӕ, ӕнамаонд цауы фӕдыл уагъ цӕуы басгӕрст, хъусын кӕны республикӕйы прокуратурӕйы пресс-службӕ.
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты бын ныттыдта их, ныххаудтой доны ӕмӕ фӕдӕлдон сты.
ДИФ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, агурӕн мадзӕлтты хайад истой республикӕйы УУМ водолазтӕ.
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ абоны бон ӕрластой COVID-19-ы ныхмӕ вакцинӕйы 842 комплекты. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы егъау партимӕ, цӕмӕй райдайой республикӕйы цӕрджыты массон вакцинаци. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы разамонӕг Битарты Вячеслав "Россия 24"-йы эфиры.
Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ныридӕгӕн хъусын кӕны ацы информаци ӕмбӕстӕгтӕн.
"Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта фӕндагон картӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты хъусын кӕндзысты информаци ӕмбӕстӕгтӕн. Алкӕмӕндӕр ис фадат бацӕуын горӕты ӕртӕ поликлиникӕмӕ ӕмӕ саразын прививкӕ", - банысан кодта Битарты Вячеслав.
Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин хицауады уӕнгтимӕ рабадтыл бахӕс кодта райдайын цӕрджыты массон вакцинаци коронавирусы ныхмӕ.
ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Ивгъуыд суткӕйы Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг амард COVID-19 диагнозимӕ. Низы амӕттаг баисты ныр 105 рынчыны, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
Иу суткӕмӕ цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 81 ног рынчыны
"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 14 январы 08:00 сахаты онг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ регистрацигонд ӕрцыд 13 260 (+ 81 фӕстаг суткӕйы) рынчыны ног коронавирусон инфекцийӕ", - дзырдӕуы "Роспотребнадзор"-ы хъусинаджы.
Рынчынты иумӕйаг нымӕцӕй (13 260) 12 593сӕнӕниз сты, 119 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл ӕмӕ 443 пациенты та хос кӕнынц республикйы медицинон уагдӕтты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандемии - коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Козаты Диана. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд азы декабры ӕрурӕдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны 28 фехалӕджы, хъусын кӕӕы майрӕмбоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Мӕй раздӕр дӕр арӕнсӕтджыты ӕмӕ арӕны режим фехалджыты нымӕц уыд 28.
"Декабры цы фӕткхалджыты ӕрурӕдтой, уыдонӕй дӕс фехӕлдтой паддзахадон арӕӕы режим, 18 та – арӕнгӕрон режим. Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлдты тыххӕй дӕр уагъд ӕрцыд басгӕрст, уыдон фӕдыл цыппар адӕймаджы ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ, 22 бафыстой ивартӕ, дыууӕйы та феддӕдуар кодтой республикӕйӕ", - банысан кодтой спецслужбӕйы.
ПӔК ма банысан кодтой, Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн уадзӕн пункттӕ дӕр нырма кӕй сты ӕхгӕд Хелчуайы уӕвӕг пунктӕй дарддӕр.