Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты бæхты-спортивон скъолайæн балæвар кодтой 4 байраджы

© Sputnik / Наталья АйриянБæх
Бæх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайы разамынады ныхæстæм гæсгæ, спортивон скъола цух æййæфта бæхтæй. Ныртæккæ секцийы архайы 130 сывæллоны, бæхты нымæц та хæццæ кæны 50-мæ

ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сывæллæтты республикон бæхты-спортивон скъолайæн компани "Русгидро" балæвар кодта цыппар бæхы. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Скъолайы разамынады ныхæстæм гæсгæ, спортивон скъола цух æййæфта бæхтæй.

"Ныртæккæ секцийы архайы 130 сывæллоны, бæхты нымæц та хæццæ кæны 50-мæ. Уыимæ ма сæ фылдæр базæронд сты æмæ сæ бон раздæрау архайын нæу. Сывæллæттæн æмæ тренертæн ацы лæвар сси Ног азы бæрæгбоны ирддæр цау", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цыппар байраджы сты хæрзмыггаг. Рæхджы сæ бон уыдзæн тренировкæтæ кæнын райдайын. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы фæзы сæхи цæттæ кæнынц 2021-æм азы Олимпаг хъæзтытæм.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0