Ирыстойнаг дзюдоист ссис ӕхсӕнадӕмон турнир "Мастерс"-ы ӕвзист призер

Рафыссын
Финалон тохы фӕстаг минутыл рефери Японийӕ банымадта Тасойты Иналы фембылд ӕртӕ фӕдзӕхсты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Ирон дзюдоист, Европӕйы дыууӕ хатты вице-чемпион Тасойты Инал рамбылдта ӕвзист майдан ӕхсӕнадӕмон турнир "Мастерс"-ы Катары, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ ссисты Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ

Спортсмен архайдта уӕрӕсейаг командӕйы сконды.

Суперуӕззау уӕзы категорийы финалмӕ фӕндагыл Тасойты Инал рамбылдта Мбагник Ндиайейы Сенегалӕй, Левани Матиашвилийы Гуырдзыстонӕй, таджикаг Темур Рахимовы ӕмӕ олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты бронзӕйон призер Хенк Гролы.

"Фӕлӕ сыгъзӕрин майдан ирон богалӕн нӕ бауагъта рамбулын дыууӕ хатты олимпиаг чемпион ӕмӕ дунейы 10 хатты чемпион Тедди Ринер Францийӕ. Финалон тохы фӕстаг минутыл рефери Японийӕ банымадта Тасойты Иналы фембылд ӕртӕ фӕдзӕхсты тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0