Хъӕрӕцаты Аслан ахызт Дохайы турниры ӕдӕгфиналмӕ къайон ерысты

© REUTERS / LOREN ELLIOTTХъӕрӕцаты Аслан
Хъӕрӕцаты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Рафыссын
Хисӕрмагонд номхыгъд ӕнтыстджын старты фӕстӕ цӕгатирыстойнаг теннисист фембӕлд Доминик Тимӕн Австрийӕ, фӕлӕ адарддӕр кодта йӕ архайд турниры къайон ерысты

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Уӕрӕсейӕгтӕ Хъӕрӕцаты Аслан ӕмӕ Андрей Рублев ахызтысты теннисон турнир АТР ӕрдӕгфиналмӕ Дохайы. Финалы цыппӕрӕм хайы къайон ерысты уыдон рамбылдтой Марсело Мело ӕмӕ Жан-Жюльен Ройеры 6:2, 6:3 хыгъдӕй.

Хуссар Иры теннисисткӕтӕ райстой фондз призоны бынат ЦКФЗ ерысты  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2021
Фыццаг ахӕм ӕнтыст: цхинвайлаг теннисисткӕ райста балцӕг Уӕрӕсейы чемпионатмӕ

Ӕрдӕгфиналы Уӕрӕсейы минӕвӕрттӕ фембӕлдзысты французаг теннисисттимӕ Жереми Шарди ӕмӕ Фабрис Мартинимӕ.

Амӕйразмӕ Хъӕрӕцаты Аслан ӕмӕ Андрей Рублев фембӕлдысты Лоренцо Сонего ӕмӕ Андреа Вавассориимӕ.  Уӕрӕсейаг спортсментӕ рамбылдтой 7:6, 6:2 хыгъдӕй.

Хисӕрмагонд ерысты Хъӕрӕцаты Аслан фембылд турниры фыццаг номер Доминик Тимӕн Австрийӕ.

Турнир цӕудзӕн 13 марты онг, йӕ призон фонд у 890 мин доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0