Челæхсаты Рустем ссæрибар кодта Цæгат Иры сæргълæууæджы администрацийы хистæры бынат

© 15 регионЧелӕхсаты Рустем
Челӕхсаты Рустем - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Рафыссын
Республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады администрацийы разамонæджы бынатмæ Челæхсаты Рустем нысангонд æрцыд 2016 азы марты мæйы

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik. Челæхсаты Рустем суæгъд кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады администрацийы разамонæджы бынат. Æмбæлон уынаффæ цыппæрæмы бафыста республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло, хъусын кæны 15-æм регион.

"Стыр бузныг уын зæгъын! Арфæ уын кæнын нæ иумæйаг куысты тыххæй, æнтыстджын æмархайды тыххæй республикæйы пайдайæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ уе ‘ппæт хъуыддæгты. Хицауады ног скондæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ æмæ зæрдиаг куыст нæ адæмы пайдайæн", – ныффыста уый йæ сыфыл социалон иугонд Инстаграмы.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады администрацийы разамонæджы бынатмæ Челæхсаты Рустем нысангонд æрцыд 2016 азы марты мæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0