Цӕгат Иры фӕзындзысты этнохъӕу ӕмӕ сӕрдыгон театр

© Sputnik / Дзерасса Биазарти Цӕгат Иры фӕзындзысты этнохъӕу ӕмӕ сӕрдыгон театр
Цӕгат Иры фӕзындзысты этнохъӕу ӕмӕ сӕрдыгон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Туризмы фӕдыл комитет сарӕзта этнохъӕуы концепци интерактивон музеймӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Цӕгат Ирыстон фӕзындзысты этнохъӕу ӕмӕ сӕрдыгон театр. Уый тыххӕй фехъусын кодта туризмы фӕдыл комитеты сӕрдар Кодзаты Зауырбег.

"Мах сарӕзтам этнохъӕуы концепци интерактивон музеймӕ гӕсгӕ. Хъӕуы ма ссарын зӕххы фадыг ӕмӕ финанстӕ. Уый фӕстӕ мах фӕнды саразын сӕрдыгон театр Дзӕуджыхъӕуы доны станцы районы. Уыцы территорийыл уыдзӕн фадат организаци кӕнын массон культурон мадзӕлттӕ", - банысан кодта комитеты сӕрдар.

Уымӕй дарддӕр, комитет нывӕнды среконструкци кӕнын Цъӕймӕ фӕндаг, кӕцыйы дӕргъ у 12 километры. Ацы проекты фӕдыл ис документаци, фӕлӕ дзы хъӕуы бахӕссын чысыл ивындзинӕдтӕ.

Афтӕ ма, уагдон банхъардта хъус ӕрдарын Мидӕгрӕбыйнаг ӕхсӕрдзӕнты райрӕзтмӕ. Ацы ран хъӕуы сцалцӕг кӕнын фӕндаг, рахицӕн кӕнын зӕххы фадгуытӕ ӕмӕ дарддӕр аразын фӕндаггӕрон объекттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0