Цӕгат Иры ноджы фондз адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

© Sputnik / Павел Бедняков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй амардысты 277 адӕймаджы, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 19 332 онг

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирусӕй амардысты фондз адӕймаджы, Афтӕмӕй, регионы COVID-19-ӕй ӕдӕппӕт амардысты 277 адӕймаджы.

"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 8 августы 08.00 сахатмӕ сбӕрӕг кодтой 19 332 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй (+67 иу суткӕмӕ)", - фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 18 573 сӕнӕниз сты, 277 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 477 адӕймаджы, 5 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.

Уӕрӕсейы фӕстаг суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой 22 866 рынчыны коронавирусӕй. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 6 447 750 адӕймаджы, уыдонӕй 5 755 507 сӕнӕниз сты, 164 881 та амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0