Ноджы авд адӕймаджы амардысты коронавирусӕй Цӕгат Иры

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæПандеми
Пандеми - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2021
Рафыссын
Фӕстаг суткӕ ма Цӕгат Ирыстоны срегистраци кодтой 68 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй
ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны ног коронавирусон инфекцийæ амардысты ноджы авд адæймаджы, фехъусын кодта цыппæрæмы республикон Роспотребнадзоры.
Covid-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Хъусдарды бын 700 рынчынӕй фылдӕр: коронавирусимӕ уавӕр Хуссар Иры
Афтæмæй COVID-19-ӕй амæлæг адæмы иумæйаг нымæц регионы схæццæ 636 онг.
Фӕстаг суткӕ ма республикӕйы срегистраци кодтой 68 ног фӕрынчынуӕвӕджы.
Пандемийы райдианӕй коронавирусон инфекции кӕуыл бахӕцыд, уыдон нымӕц схызт 22 044 онг. Уыдонӕй 20 914 сӕнӕниз сты. Стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 659 пациенты.
Ног хабӕртты лентӕ
0