Дзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы ӕрцыд газы срӕмыгъд

© Пресс-служба МЧС по РСО-АланияДзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы ӕрцыд газы срӕмыгъд
Дзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы ӕрцыд газы срӕмыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Рафыссын
Цау ӕрцыд дӕсуӕладзыгон хӕдзары Темыраты ӕфсымӕрты уынгыл дыццӕджы ӕхсӕвы
ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы газы срӕмыгъды аххосӕй ӕрцыд зынгсирвӕзт, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
"Абон хӕдзар (горӕт Дзӕуджыхъӕу, Темыраты ӕфсымӕрты уынг, 69), кӕцыйы ӕрцыд зынгсирвӕзт газы срӕмыгъды тыххӕй, басгардзысты сӕрмагонд организацитӕ. Хӕдзарӕн бахъыгдард йӕ фасадон хай ӕмӕ хатӕнты хсӕн гӕрӕнтӕ, афтӕ ма 2, 4, 4 уӕладзыгты стеклопакеттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, сӕйраг конструкцитӕ нӕ бахъыгдард сты.
© Пресс-служба МЧС по РСО-АланияДзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы ӕрцыд газы срӕмыгъд
Специалисты выясняют причину пожара, произошедшего во владикавказской многоэтажке - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Дзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы ӕрцыд газы срӕмыгъд
Дӕсуӕладзыгон хӕдзары срӕмыгъды фӕдыл информаци ӕрбацыд ӕмбисӕхсӕвы фӕстӕ. Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой, йӕ фӕзуат уыд 70 квадратон метры, сэвакуаци кодтой ӕхсӕз адӕймаджы.
Цауы фӕдыл Дзӕуджыхъӕуы Терчы районы прокуратурӕ сорганизаци кодта басгӕрст, кӕцыйы рӕстӕджы сбӕрӕг кӕндзысты цауы ӕууӕлтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0