Цхинвайлаг скъоладзаутӕ хайад исынц Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы Мӕскуыйы

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæXII Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕ уырыссаг ӕвзагӕй
XII Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕ уырыссаг ӕвзагӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ахуырдзау фӕсивӕд уырыссаг ӕвзагӕй сӕ зонындзидӕдтӕ бавзардзысты Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы. Мадзалы фӕлгӕтты скъоладзаутӕ сӕ дӕсныйад равдисдзысты куыд ӕвзагзонӕн, афтӕ аивадон конкурсты дӕр.

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik. Хуссарирыстойнаг паддзахадон гимназии "Альбион"-ы ахуыргӕнинӕгтӕ хайад исынц Мӕскуыйы XII Ӕхсӕнадӕмон олимпиадӕйы уырыссаг ӕвзагӕй, фехъусын кодта Sputnik гимназийы директор Гуыцмӕзты Иринӕ.

Олимпиадӕйы хайад исынц 10-ӕм кълассӕй 3 ахуыргӕнинаджы, уыдон фӕстаг ӕзты свӕййынц республикон олимпиадӕты уӕлахиздзаутӕ.

"Хуссар Ирыстонӕй олимпиадӕйы хайад исынц Тедеты Эдуард, Зассеты Амага ӕмӕ Зӕгъойты Виктория. Уыдон уал абон хайад райстой аивадон конкурсы — жюрийы размӕ рахастой ирон националон кафт "Симд", — загъта гимназийы директор.

Дарддӕр та олимпиодӕйы хайадисджытӕ хъуамӕ равдисой сӕ хӕдзарон куыстытӕ Пушкины сфӕлдыстадӕй, уый фӕстӕ та ныффыссой сочинени. Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджын ӕрцӕудзысты 6 июны Пушкины номыл паддзахадон историон-литературон музейы.

Афтӕ ма конкурсанттӕн бацӕттӕ кодтой цымыдисон культурон программӕ.

Мӕскуыйы олимпиадӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй даддӕр ӕрцыдысты 100 скъоладзауы Хӕдбар Паддзахадты Цӕдисы бӕстӕтӕй (СНГ), Балти, Сомих, Азербайджан, Гуырдзыстон ӕмӕ Абхазӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0