Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы Хуссар Ирыстоны райдыдтой ахуыртӕ

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæБригадные тактические учения
Бригадные тактические учения - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Артилеристтӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы фӕлтӕрддзинад исдзысты ӕфсӕддон гӕрзты ног хуызтӕй пайда кӕныны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Мӕхъӕл, Дагъыстан ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны иумӕйаг ӕфсӕддон полигонты, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдтой артиллеристты ахуыртӕ, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Хуссайраг ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Ахуырты хайад исынц 1500 службӕгӕнӕджы.

"Дыууӕ къуырийы дӕргъы хӕстон сармадзантӕ "Акация", " Мста- С" ӕмӕ "Мста-Б", реактивон системӕтӕ "Град", "Торнадо-Г" ӕмӕ "Ураган", танкӕты ныхмӕ ракетон комплекс "Штурм-С", минӕӕхсджытӕ " Поднос" ӕмӕ "Сани" экипажтӕ фӕлтӕрддзинад исдзысты ӕфсӕддон гӕрзты ног хуызтӕй пайда кӕныны хъуыддаджы", — радзырдта пресс-службӕйы минӕвар.

Ахуырты хайад исынц ракетон-комплексон гӕрзты 300 хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0