Цхинвалы фæзындзæн "Vincenzo"

© кафе VincenzoЦхинвалы фæзындзæн "Vincenzo"
Цхинвалы фæзындзæн Vincenzo - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Vincenzo"-йы хъӕлдзӕг рӕстӕг арвитыны фадат уыдзӕн алы кары адæмæн дæр, сывæллæттæн та дзы уыдзæн хицæн хиирхæфсæн хатӕнтӕ.

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Цхинвалы пионерты парчы сентябры бакӕндзысты "Vincenzo", фехъусын кодта Sputnik кафейы хицау, амалиуæггæнæг Уалыты Альберт.

Хиирхӕфсӕн уагдон арӕзт цӕуы раздӕры кафе "Фарн"-ы бынаты. Уый уыд фæсивӕды уарзондæр бынæттæй сæ иу. 2008 азы хæсты рӕстӕджы бæстыхай басыгъд ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ ацы территори уыд æнæркаст.

"Алы кары адæмæн дæр сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитыны фадат уыдзæн "Vincenzo"-йы, сывæллæттæн та дзы уыдзæн хицæн хиирхæфсæн бынат. Нæ фæнды уыд арӕзтад августмæ фæуын, фæлæ арӕздатон ӕрмӕджыты æргътæ кæй фæфылдæр сты, уымæ гæсгæ фæфæстиат стæм", — загъта кафейы хицау.

Проект кафе

Уый ма фехъусын кодта, кафейы фидӕны кусджытæ ныридæгæн фӕлтӕрддзинад кæй исынц Цæгат Ирыстоны "Vincenzo"-ты.

"Ам ссарӕн уыдзæн канд "Vincenzo"-йы традицион хæринæгтæ нæ, фæлæ ма ирон хæрзад хæбизджынтӕ дæр. Хæринаггæнджытæ нæм уыдзæн дӕс адæймаджы онг, æмткæй та кусджыты нымæц хиздзæн 50-мæ", — бафтыдта ма йæ ныхæстæм Уалыты Альберт.

Кафе Vincenzo - Sputnik Хуссар Ирыстон
Проект кафе

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕстыхайӕн ис гуырахстджын проект. Ныккæндон уæладзыджы уыдзæн сывæллæттæн алыгъуызон хъазæн хатӕнтӕ. Ам ма фадат уыдзæн банысан кæнын райгуырæн бонтæ æмæ æндæр бæрæгбӕттæ.

"Vincenzo" цӕрджытӕн йӕ дуӕрттӕ бакӕндзӕн 20 сентябры — Республикӕйы боны.

Ног хабӕртты лентӕ
0