Тыбылты Леонид: Æгъуызарты Тамерланы фæлтæрддзинад фæахъаз уыдзæн Цæгат Иры проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн

© Пресс-служба президента и правительства Æгъуызарты Тамерлан æмæ Тыбылты Леонид
Æгъуызарты Тамерлан æмæ Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны парламент хуыцаубоны равзæрста Æгъуызарты Тамерланы республикæйы сæргълæууæгæй. Хæсад райсыны цытджын церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы делегацитæ, цæгаткавказаг республикæты къухдариуæггæнджытæ.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны ног равзæрст сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан хæсад райста вазыгджын рæстæджы, фæлæ йæ къухдариуæггæнæджы фæлтæрддзинад дзурæг у ууыл, æмæ проблемæтæ иууылдæр скъуыддзаг кæй æрцæудзысты, загъта Хуссар Ирыстоны президент, Æгъуызарты Тамерланы хæсад райсыны цытджын церемонийы рæстæджы.

"Дæуæй хуыздæр, Тамерлан Кимы фырт, ничи зоны Цæгат Ирыстоны раз лæууæг социалон-экономикон проблемæты гуырахст. Куыд фæлтæрд къухдариуæггæнæг, афтæ уыдон аиуварс кæндзынæ æнтыстджынæй", — загъта Тыбылты Леонид.

Тыбылты Леонид равдыста ныфс, 2013 азы дыууæ республикæты хицауадты æхсæн социалон-экономикон æмæ наукон-техникон æмгуыстады фæдыл цы бадзырд бафыст æрцыд, уый кӕй æрцæудзæн реализаци æмæ йын уыдзæн дарддæры райрæзт.

Хуссарирыстойнаг парламенты сæрдар Бибылты Анатолий ныфс бавӕрдта, Хуссар æмæ Цæгат Иры интеграцийы фæдыл æмгуыстад кæй адарддæр уыдзæн.

"Цæгат Ирыстонмæ æнхъæлмæ кæсынц ивындзинæдтæ хорзӕрдæм — экономикæйы, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадгуыты", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Уый фидарæй уырны, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгæн кæй бантысдзæн æрбангом кæнын республикæйы æппæт политикон тыхты, цæмæй скъуыддзаг æрцæуой Æгъуызарты Тамерлан йæ разы цы хæстæ сæвæрдта æмæ хицауады раз цы æвæрдзæн, уыцы хæслæвæрдтæ.

Парламент æмæ республикæйы дзыллæйады раз йæ раныхасы Цæгат Ирыстоны ног сæргълæууæг фидарæй загъта, кæй хынцы, цы бæрн ис æвæрд йæхиуыл æмæ йæ командæйыл, кæцы арæзт æрцæудзæн æввахс рæстæджы.

Уый бахаста фæндон, цæмæй æрмамбырд уой республикæйы æмæ йæ адæмы цард фæхуыздæр кæныны идейæйы алыварс.

"Ацы идейæ хъуамæ суа националон идейæ", — банысан кодта Æгъуызарты Тамерлан.

Цӕгат Ирыстоны парламент хуыцаубоны равзæрста Ӕгъуызарты Тамерланы республикæйы сӕргълӕууӕгӕй, кæцы уый размæ рæстæгмæ æххæст кодта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0