Президент: ӕнӕ Абхазӕй зын уыдаид уӕззау бонтӕ быхсын

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезидент: Ӕнӕ Абхазӕй зын уыдаид зындзинӕдтӕ быхсын
Президент: Ӕнӕ Абхазӕй зын уыдаид зындзинӕдтӕ быхсын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид йӕхимӕ райста Абхазы делегацийы президент Рауль Хаджимбайы сӕргълӕудӕй.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕппӕтдӕр араздзӕн, цӕмӕй Абхазимӕ ӕфысмӕрон ахастытӕ дзыуапп дӕттой дыууӕ республикӕйы интерестӕн, дыууӕ бӕстӕйы адӕмты хӕрзӕбонӕн, загъта Тыбылты Леонид Рауль Хаджимбаимӕ официалон фембӕлды рӕстӕджы.

Абхазы делегаци ӕрцыд хуыцаубоны Хуссар Ирыстонмӕ республикӕ расидыны 25 азы юбилейон мадзӕлтты хайад райсынмӕ.

"Фыццаг хатт дӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ дын зӕрдийагӕй дзурӕм "ӕгас цу". Ацы 25 азы дӕргъы нӕ фарсмӕ куы нӕ уыдаиккой нӕ абхазаг ӕфсымӕртӕ, кӕцытӕ рацыдысты ӕнгӕс фӕндагыл, уӕд зындӕр уыдаит зындзинӕдтӕ быхсын", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, дыууӕ республикӕ кӕй хъуамӕ аразой ӕппӕтдӕр, цӕмӕй равзаргӕ фӕндагыл ӕдӕрсгӕйӕ цӕуой. Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, 25 азы ӕппынӕдзухон хӕстон уавӕрты не ‘нтыст ӕппӕт фарстытӕ скуыддзаг кӕнын, фӕлӕ ныр рахызтысты паддзахдон арӕзтады ног ӕмвӕзадмӕ.

"Уынӕм Абхазы ӕнтыстытӕ ӕмӕ сыл ӕргом зӕрдӕйӕ цин кӕнӕм. Вазыгджын хӕстӕ лӕууы уӕ разы ӕмӕ нӕ уырны, кӕй уын бантысдзӕн ӕппӕт фӕндтӕ сыххӕст кӕнын", — загъта президент.

Рауль Хаджимба раарфӕ кодта президент ӕмӕ адӕмӕн бӕргбоны фӕдыл, банысан кодта, республикӕ абон кӕй фидар кӕны уыцы бындуртӕ, цӕй фӕрцы рӕзгӕ фӕлтӕртӕ сӕрыстырӕй дзурдзысты, сӕ хистӕртӕ ӕппӕт дӕр кӕй сарӕзтой сӕрибардзинад ӕмӕ хæдбарад бахъахъхъӕнынӕн.

"Куы сӕндидза Хуссар Ирыстон, уӕд сфидар уыдзӕн Абхаз дӕр. Сӕндидздзӕн Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстон дӕр слӕудзӕн размӕцыды фӕндагыл", — загъта Хаджимба.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕтӕн ис сӕйраг ӕмцӕдисон — Уӕрӕсе, кӕцы сын ӕххуыс кӕны размӕцыд ӕмӕ экономикон рӕзты хъуыддаджы. Абхазы президент ма ныфс бавӕрдта, дыууӕ ӕфсымӕрон республикӕйы къухдариуӕгад дӕр кӕй кӕндзысты ӕмархайд, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной ӕппӕт зындзинӕдтӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0