Бибылты Анатолий: фидæнмæ парламент суыдзæн æххæстæй профессионалон

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий
РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламент ныридæгæн бацæттæ кодта æмбæлон закъæттæ æмæ Конституцийы статьятæ æмæ сæ арвыста æркастмæ æххæстгæнæн органмæ, загъта спикер.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстон фидæн азæй суыдзæн æххæстæй профессионалон, загъта журналисттæн закъондæттæн органы спикер Бибылты Анатолий.

Архайгæ парламент конд у пропорционалон системæмæ гæсгæ, фæлæ депутаттæн сæ фылдæр парламентæй дарддæр кусынц æндæр бынæтты дæр. Уый баст у ууыл, æмæ спикер æмæ комитетты сæргълæуджытæй дарддæр депутатты мызд у цыппар мин сомæй чысыл фылдæр.

"Парламент ныридæгæн бацæттæ кодта æмбæлон закъæттæ æмæ Конституцийы статьятæ æмæ сæ арвыста æркастмæ æххæстгæнæн органмæ. Уыдон райстгонд куы æрцæуой æмæ сæ тыхы куы бацæуой, уæд депутаттæ хъуамæ равзарой кæнæ парламенты куыст, кæнæ æндæр бынаты куыст",- загъта спикер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, депутаты мызд 25 мин сомæй къаддæр нæ уыдзæн.

Бибылты Анатолий ма загъта, парламент кæй хъуамæ æркæса "биноныгдзинады цензмæ", кæцы депутатты ныхмæ хъуамæ æрцæуа аивд.

"Æз мæхæдæг не мбарын, цæй тыххæй хъæуы ахæм ценз. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнæмæнгхъæуæг у президентæн, фæлæ мæ нымадмæ гæсгæ, хъуамæ ма суа цæлхдур Хуссар Ирыстоны æмбæстагæн парламентмæ сæвзарынæн", — загъта спикер.

Уый ма бафтыдта, уый æвæрццагæй кæй бандавдзæн закъондæттæн органы архайдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0