Хуссар Ирыстоны æрурæдтой гуырдзыстойнаг арæнсæттæджы

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны æрурæдтой гуырдзыстойнаг арæнсæттæджы
Хуссар Ирыстоны æрурæдтой гуырдзыстойнаг арæнсæттæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны Карелы районы цæрæг æрцыд урæд паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Ирыстоны æрурæдтой Гуырдзыстоны æмбæстаджы республикæйы паддзахадон арæн фехалыны тыххæй, фехъусын кодтой къуырисæры Sputnik паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæйы.

"РХИ-ы паддзахадон арæны фадыгыл Знауыры районы Калеты хъæуы цур арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой 55-аздзыд Гуырдзыстоны æмбæстаджы", — фехъусын кодтой ПÆК-ы.

Ведомствӕйы минæвар банысан кодта, арæны режим кӕй фехӕлдта Карелы районы Бредзайы хъæуы цæрæг.

Ныридæгæн æрцахстуæвæгы ныхмæ æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты тæрхондонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0