Хуссар Ирыстон цæттæ у ÆУТ-æн объективон равзæрсты баххуыс кæнынмӕ

© Sputnik / архив МЧС РСО-АГуырдзыстоны агрессийы фӕстиуджытӕ Цхинвалы
Гуырдзыстоны агрессийы фӕстиуджытӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дипломатон ведомствӕйы хорзыл нымайынц, 2008 азы Хуссар Ирыстоны азы хотыхджын конфликты рæстæджы цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдон равзарыны фæдыл ÆУТ-ы уынаффæ.

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстон цæттæ у Æхсæнадæмон уголовон тæрхондонæн баххуыс кæнынмӕ 2008 азы Хуссар Ирыстоны адæймагады ныхмæ сарæзт фыдракæндты объективон æмæ профессионалон равзæрсты, фехъусын кодтой республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ).

Гаагæйы, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны 27 январы райдыдта, 2008 азы 1 июлæй 10 октябры онг Хуссар Ирыстоны цы фыдракæндтæ арæзт æрцыд, уыдоны равзæрсты процесс.

"Республикæ Хуссар Ирыстон хорзыл нымайы ацы скъуыддзаг, æмæ кæд йæ территорийыл Римаг статуты архайд нæ парахат кæны, уæддæр цæттæ у бакæнын æххуыс ÆУТ-æн объективон равзæрсты хъуыддаджы", — банысан кодтой дипломатон уагдоны.

ФХМ-ы минæвар загъта, равзæрсты хъуыддагмæ кæй хъæуы бакæнын, нæ республикæйы цы бæлвырдгæнæн базæ ис, уый дæр.

"Æнæ уымæй Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны равзæрст объективон схонын зын уыдзæн", — банысан кодта уый.

Ведомствӕйы дисы баппæрста уыцы хъуыддаг, æмæ равзæрст кæй уыдзæн æрмæстдæр 2008 азы цалдæр мæйы хъуыддæгты фæдыл.

УФ Слестгæнæн комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
УСК арвыста Гаагæмæ 2008 азы Хуссар Ирыстоны фыдракæндты фæдыл æрмæджытæ

2008 азы Гуырдзыстоны æфсад бабырстой Хуссар Ирмæ æмæ йын ныппырх кодтой йæ хай. Уæрæсе, республикæйы цæрджыты бахъахъхъæныны нысанæн, бакодта йе ‘фсад æмæ ахæцыд респупликæйæ æддæмæ гуырдзиаг æфсадыл. Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн йæ экономикæ сæндидзын кæнынæн. Хуссар Ирыстоны "фондзбонон хæсты" фæстæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет, кæцытæ раздæр уыдысты Гуырдзыстоны сконды.

2002 азы йæ тыхы бацæуæг Римаг статут ис Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны архайды бындуры. Æхсæнадæмон бадзырд УФ бафыста 2000-æм азы, фæлæ ныры онг не `рцыд ратификаци. Уымæ гæсгæ УФ-йыл, куыд Америчы иугонд штаттыл, Китай, Украинæ æмæ æндæр бæстæтыл, æхсæнадæмон тæрхондоны юрисдикци не ‘нхъæвзы.

Ног хабӕртты лентӕ
0