Милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд

© Sputnik / Ада БагианМилицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд
Милицийы кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой ӕфхӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид банысан кодта, кӕй домы карз ӕфхӕрд ацы хабары аххосджынтӕн, кӕцытӕ не ‘сӕххӕст кодтой кусӕгон инструкцитӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ, кӕцытӕ ӕруагътой, дыууӕ сылгоймаджы чи амардта, уыцы ахстуӕвӕджы фехсыны цау, хъуамӕ ӕрцӕуой карз ӕфхӕрд, банысан кодта РХИ президент Тыбылты Леонид тыхон структурӕты сӕргълӕуджытимӕ ӕмбырды рӕстӕджы. 

Январы мӕйы мидхъуыддӕгты министрады рӕстӕгмӕ бакӕныны изолятормӕ бацӕуӕны раз фехстӕуыд дӕлтӕрхонон Тъотъоты Ацӕмӕз, кӕцыйы милицийы кусджытӕ ӕрбакодтой тӕрхоны залӕй. Ахӕсты фехста, Тъотъойы фырт аххосджын цы аварийы уыд, уым цы сылгоймӕгтӕ фӕмард сты, уыдонӕй сӕ иуы лӕппу.

РХИ Генералон прокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аварийы аххосджыны марӕг бамбарын кодта йӕ фыдракӕнды мотивтӕ

"Рӕстӕгмӕ бакӕныны изоляторы территорийыл ӕрцыд фыдракӕнд, цӕй фӕстиуӕгӕн фӕмард ахӕст. Ацы хабар ӕппӕрццагӕй бандӕвта министрады куыстыл. Алчидӕр йӕ хӕстӕ бӕрнонӕй куы ӕххӕст кӕнид, уӕд ахӕм фыдракӕнд не ‘рцыдаид. Нырта цалдӕр ӕвзонг адӕймагӕн схӕццӕ ис сӕ цард", — ӕрхаста президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь Гана Яновская.

Президент ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, кӕй домы карз ӕфхӕрд ацы хабары аххосджынтӕн, кӕцытӕ не ‘сӕххӕст кодтой кусӕгон инструкцитӕ.
Мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Лӕууойты Ӕхсар фехъусын кодта президентӕн, цауы фӕдыл уагдоны кӕй цӕуы кусӕгон басгӕрст, уый фӕстиуӕгӕн фӕбӕрӕг уыдзӕн, аххосджынтӕ куыд ӕрцӕудзысты ӕфхӕрд, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0