Хуссар Ир дӕтты ӕдасдзинады гаранти ӔУТ-ы слестгæнджытӕн РХИ-ы куысты рӕстӕджы

© фото из архива Л.ПарастаевойЦхинвал 2008 азы августы
Цхинвал 2008 азы августы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы нымайынц, 2008 азы ӕфсӕддон конфликты аххосӕгтӕ ӕмӕ фӕстиуджыты ӕххӕст ӕмӕ объективон равзӕрсты тыххӕй ӔУТ-ы минӕвӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуой Хуссар Ирыстонмӕ, цыран цыдысты ӕфсӕддон архайдтытӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ дӕтты ӕдасдзинады гарантитӕ Ӕхсӕнадон уголовон тӕрхондоны минӕвӕрттӕн, кӕд ӕмӕ уыдон уадзой 2008 азы хӕсты ӕххӕст равзӕрст цауы бынаты, загъта республикӕйы генералон прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Битеты Сергей.

ӔУТ бӕрӕг кӕны 2008 азы ӕфсӕддон конфликты аххосӕгтӕ ӕмӕ фӕстиуджытӕ. Организацийы минӕвӕрттӕ кусынц Гуырдзыстоны территорийыл, ӕмӕ нырма ницы дзурынц Хуссар Ирыстонимӕ бакусыны тыххӕй, цыран цыдысты ӕфсӕддон архӕйдтытӕ. Республикӕйы хицӕуттӕ бирӕ хатт дзырдтой равзӕрстӕн баххуысы фӕдыл сӕ цӕттӕдзинады тыххӕй.

Хуссар Ирыстон цӕттӕ у ӕмгуыст кӕнынмӕ Ӕхсӕнадӕмон уголовон тӕрхондонимӕ

"Цыфӕнды юрист дӕр фӕдӕвзарӕн куыст райдайӕны размӕ хъуамӕ басгара фыдракӕнды бынат. Мах дӕттӕм гаранти ӔУТ-ы слестгæнджыты ӕдасдзинадӕн, ӕрцӕуӕт Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕмӕ сын равдисдзыстӕм ӕрмӕджытӕ иууылдӕр, фенын сын кӕндзыстӕм ӕфсӕддон архӕйдтыты бынӕттӕ. Фӕдӕвзӕрст хъуамӕ райдайа Хуссар Ирыстоны, цӕмӕй нӕ уырна, уый кӕй уыдзӕн объективон ӕмӕ алыварсон", — загъта генпрокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Уый ӕрсидт Ӕхсӕнадон уголовон тӕрхондоны минӕвӕрттӕм, цӕмӕй ауадзой фӕдӕвзарӕн куыстытӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл. Битеты Сергей ма загъта, Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕфсӕддон фыдракӕндтӕ саразыны факты фӕдыл уголовон хъуыддаджы кӕй ис 98 томы.

"Ацы уголовон хъуыддаджы фӕлгӕтты зианбаййафджытыл нымад ӕрцыдысты 2845 адӕймаджы, фӕлӕ ацы нымӕц нӕу ӕлхынцъагон", — банысан кодта Битеты Сергей.

Генералон прокуратурӕйы кусджытӕ дарддӕр уадзынц фӕдӕвзарӕн мадзӕлттӕ сӕндидзгӕ уголовон хъуыддаджы фӕлгӕтты. Уыдон хъуамӕ ӕрфӕрсой Хъахъхъӕнынады министрады, Мидхъуыддӕгты министрады, Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджыты, хъуамӕ басгарой фыдракӕндты бынӕттӕ, ӕрӕмбырд кӕной Гуырдзыстоны агрессийыл дзурӕг буарадон бӕлвырдгӕнӕнтӕ, къамтӕ ӕмӕ видео ӕрмӕджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0