РХИ райсдзæн æдасдзинады мадзæлттæ Гуырдзыстоны æрдыгæй зынгивæрзтты ныхмæ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæн
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæныл зынгирвæзтты ныхмæ мадзæлттæ бахъахъхъæндзысты бынæттон цæрджыты хъæдджын бынæтты зынгирвæзттæй.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон райсдзæн æдасдзинады мадзæлттæ, арæнæй цы зынгирвæзттæ "æрбацæуынц", уыдоны ныхмæ. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæныл зынгирвæзтты ныхмæ уæрмтæ скъахыны фарстыл дзырд цыд Инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты (ИÆАМ) форматы фембæлды рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Санахъоты Дауыт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз арæнгæрон территорийыл цалдæр хатт ссыгъд хус кæрдæг. Цæмæй зынг арæны хаххæй ма хиза æмæ арæнгæрон цæрджытæ зиан ма æййафой, уый нысанæн паддзахадон арæны хаххыл къахт цæуынц уæрмытæ, кæцытæ фæахъаз уыдзысты зынг æруромынæн.

"Паддзахадон арæныл æххæст цæуынц бæлвырд куыстытæ, цæмæй уалдзыгон рæстæг хъæды зынгирвæзттæ арæны иу фарсæй иннӕмӕ ма хизой", — банысан кодта Санахъоты Дауыт.

ИÆАМ-ы форматы фембæлды гуырдзиаг минæвæрттæн, кæцытæ фæстаг фембæлды рæстæджы загътой, арæныл активон куыстытæ сæ кæй æппарынц тасы, Санахъоты Дауыт бамбарын кодта ацы уæрмыты къахты нысан.

Ног хабӕртты лентӕ
0