Хуссар Иры парламент тобæ сæвæрдта "снюс" æмæ "насвай" парахат кæныныл

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако æмæ ӕндӕр ӕнгӕс буарадтӕ парахат кæныны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент дыццæджы райста æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закъон.

Уæрæсейы тобæгонд цы снюс у, уый цхинвайлаг сабитӕ ӕлхӕнынц сæрибарæй

Sputnik Хуссар Ирыстон бирæ хатт æздæхта кæсджыты хъусдард ацы проблемæмæ. Агентады журналисттæ ивгъуыд аз сарæзтой контролон балхæд, цæй рæстæджы рабæрæг, сывæллæттæн фадат кæй ис сæрибарæй горæты базарадон объектты æууилгæ тамако "снюс" балхæнын. Скъоладзауты æхсæн снюс популярон кæй у, уый фæдыл Sputnik сайтыл цалдæр публикацийы фæстæ парламент рахаста фæндон тобæ сæвæрын йæ реализацийыл.

Депутатты æркастмæ ацы фарст рахаста æнæниздзинад хъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Къозонты Алан, кæцы банысан кодта, ацы закъоны райсты сæйраг нысан кæй у сывæллæтты фыдбылызхæссæг ахуырæй бахизын.

"Ацы æууилгæ тамакотæ адæймаджы æнæниздзинадæн хæссынц стыр зиан, се сконды ис хъæстæ буарадтæ. Уыдон бахауынц адæймаджы организммæ æмæ зынын кæнынц никотинæй амынæт", — загъта Къозонты Алан.

Афтек - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент ӕрӕхгӕдта Хуссар Ирыстоны "Лирика" уӕй кӕныны бар
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "снюс" æмæ "насвай"-ы иу дозæ у фондз сигаретæйы æмиас, уыдонæй систематикон æгъдауæй пайдакæнынад зынын кæны дзыхы æмæ онкологион низтæ. Уымæй дарддæр ма, никотинæй пайдагæнджытæ уайтагъд бахауынц уымæй физикон æмæ психикон амынæты, уыдонмæ фæзыны сæ цардыл сæ къухтæ сисыны хъуыдытæ.

Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако парахат кæныны тыххæй.

Раздæр мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар фехъусын кодта Sputnik, зæгъгæ, куыддæр республикæйы парламент райса æмбæлон закъон, афтӕ ведомствӕйы кусджытæ райдайдзысты уадзын рейдтæ базарадон объектты.

Ног хабӕртты лентӕ
0