Хуссар Иры фæзындысты зæрдылдарæн згъæрæхцатæ аргъуанты хуызистытимæ

© Sputnik / Алексей КовалевСыгъдæг Георгийы хуызистимæ згъæрæхца
Сыгъдæг Георгийы хуызистимæ згъæрæхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Згъæрæхцаты уæй кæнынæй цы фӕрӕзтæ райсой, уыдоны иу хай лæвæрд æрцæудзæн Алайнаг епархийæн хæрзаудæн мадзæлттæн.

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырисæры фæзындысты зæрдылдарæн згъæрæхцатæ республикӕйы рӕсугъддӕр ӕмӕ рагондӕр ӕртӕ аргъуаны къамтимæ, фехъусын кодта Sputnik Националон банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс.

Зæрдылдарæн згъæрæхцатыл ис Сыгъдæг Георгий, Фырсыгъдæг Мады Майрæм æмæ Архангел Михаилы аргъуанты хуызистытæ, алкæцы згъæрæхцайы цæсгомыл дæр æвдыст ис РХИ-ы герб. Йӕ номинал у 25 зæрин.

Æдæппæт арæзт æрцыд 1500 згъæрæхцайы аргъуанты къамтимæ, иуы аргъ дзы у 3300 сомы. Монетæтæ балхæнæн ис Националон банчы кассæйы.

Тыбылты Леониды æнхъарæнмæ гæсгæ, згæрæхцайæ цы фӕрӕзтӕ райсой, уымæн йæ иу хай рахицæн æрцæудзæн Алайнаг епархийы хæрзаудæн мадзæлттæн.

"Президентимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтам Алайнаг епархийы хæрзаудæн мадзæлттæн æхца рахицæн кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинадыл. Рахастæуыд тæрхон, цæмæй згъæрæхца уæй кæнынæй цы фæрæзтæ райсæм, уыдонæн сæ 50% рахицæн æрцæуа Алайнаг епархийæн", — радзырдта Зассеты Феликс.

Ныридæгæн Националон банк Алайнаг епархийы хыгъдмæ бахаста 450 мин сомы.

© Sputnik / Алексей КовалевАрхангел Михаилы хуызистимæ згъæрæхца
Зарин с изображением церкви Архангела Михаила - Sputnik Хуссар Ирыстон
Архангел Михаилы хуызистимæ згъæрæхца

Юбилейон згъæрæхца рауадзыны хъуыды фæзынд 2013 азы Абхазмæ кусæгон балцы фæстæ, цыран ахӕм æхцатӕ уадзынц бирæ æзты дæргъы.

"Ацы хъуыды мæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ фæстæмæ куы æрæздæхтæн, уæд райдыдтон йæ реализаци кæныныл архайын", — загъта банчы сæргълæууæг.

Хуссар Ирыстоны Националон банк монетӕтӕ фыццаг хат рауагъта 2013 азы. Зӕрин ӕхца уӕд уагъд ӕрцыд, УФ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы цауыл 5 азы сӕххӕсты цытӕн. Уыцы рӕстӕг фидар ӕрцыд зынаргъ згъӕрӕй ӕхца уадзыны фӕдыл закъон дӕр. 2014 азы та Хетӕгкаты Къостайы райгуырды юбилеймӕ рацыд дыккаг монетӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0