Хуссар Иры генералон прокурорæй снысан кодтой Дзæгъиаты Уырызмæджы

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ
Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты æркастмæ президент Тыбылты Леонид бахаста Дзæгъиаты Уырызмæджы кандидатурæ.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæйы сæргъ слæудзæн Дзæгъиаты Уырызмæг. Йæ кандидатурæ йын дыццæджы сфидар кодта республикæйы парламент.

Дзæгъиаты Уырызмæджы кандидатурæ раздæр бахаста Тыбылты Леонид. Хуссарирыстойнаг закъондæттынадмæ гæсгæ, генпрокуроры бынатмæ кандидат хъуамæ райса депутатон корпусы разыдзинад.

Ведомствӕйы раздæры сæргълæууæг Цгъойты Мераб ацы аз январы трагикъон æгъдауæй фæмард фӕндагон-транспортон цауы рӕстӕджы.

"Дзæгъиаты Уырызмæджы хорз зонынц йæ райгуырæн бæстæйы — Хуссар Ирыстоны. Уæлдæр юридикон ахуырад райста Уæрæсейы. Куыста УФ Мидхъуыддæгты министрады системæйы. Радон фæдагурæджы бынатæй схызт горæт Сочийы мидхъуыддæгты управленийы слестгæнæн управленийы сæргълæууæджы бынатмæ", — загъта президент Тыбылты Леонид, кæцы райста хайад парламентон рабадты куысты.

Уый банысан кодта, республикӕйы къухдариуæгад Дзæгъиаты Уырызмæгыл кæй æвæры стыр ныфс.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг нысан ӕрцыд Хуссар Ирыстоны генералон прокурорӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕгъиаты Уырызмӕг Фридоны фырт. Биографи

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Олеся коллегæты базонгæ кодта Генералон прокуроры постмæ кандидаты биографиимæ.

"Йæ кустыты номхыгъд у Уырызмæджы пофессионализм æмæ компетенций æвдисæн", — загъта Коцты Олеся.

Дзæгъиайы фырты кандидатурæйыл сразы сты æмхъæлæсæй.

Ног прокурор раарфæ кодта ахæм стыр ныфсы тыххæй æмæ фидарæй загъта "йæ фæлтæрддзинад иууылдæр кæй снывонд кæндзæн Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн æмæ йыл сæвæргæ хæстæ кæй æххӕст кӕндзӕн цӕсгомджынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0