Хуссар Иры парламент сратификаци кодта Уӕрӕсеимæ арæны тыххæй бадзырд

© Sputnik / Михаил ХасиевАрӕнгӕрон зонӕ
Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд бæлвырд кæны хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæныл цыд. Уый бындуриуæг кæны Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырды уагæвæрдыл.

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта Уæрæсеимæ арæны тыххæй бадзырд. Документ бафыст æрцыд Мæскуыйы 2015 азы 18 февралы.

Законы проект уынаффæмæ рахаста æддагполитикон æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Игорь.

"Бадзырд у бындурон документ, кæцы бæлвырд кæны хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæныл цыд. Уый бындуриуæг кæны, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе 2008 азы цы хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд бафыстой, уый уагæвæрдыл æмæ йæ хæс у дыууæ бæстæты æхсæн хæларадон ахастыты размæцыдæн хæрзвадаттæ саразын", — загъта Коцты Игорь.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, 2012 азы арæзт кæй æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Уæрæсеимæ демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл къамис, кæцыйы куысты Хуссар Ирыстоны æрдыгæй хайад райстой президенты администраци, парламент, Æдасдзинады комитет, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, Юстицийы министрад, Дзауы районы æмæ горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæуджытæ æмæ цалдæр æндæр ведомствӕйы.

Бадзырды сæйраг нысан у, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон бæрæггæнæн раттын, бафтыдта Коцты Игорь.

Бадзырдимæ ма ис картæ дæр, у йæ æнæфæцудгæ хай.

Ратификацийы фæдыл закъон райст æрцыд фыццаг æркасты.

Ног хабӕртты лентӕ
0