Стыр Уӕлахизы цытӕн автозгъорд ӕрхӕццӕ кӕны Цхинвалмӕ

© Sputnik / Сергей Пивоваров /  Ахизын медиабанкмæСтыр Уӕлахизы цытӕн автозгъорд
Стыр Уӕлахизы цытӕн автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы хайдадисджытӕ Хуссар Ирыстоны дидинтӕ сӕвӕрдзысты Цхинвалы ӕнусон артыл, бабӕрӕг кӕндзысты "Хӕстон кады музей" ӕмӕ горӕты дыууӕ скъолайӕн та балӕвар кӕндзысты Георгий Жуков ӕмӕ Юрий Гагарины бюсттӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Уӕлахизы бонӕн нывонд Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд "Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы" цыппӕрӕмы ӕрхӕццӕ уыдзӕн Цхинвалмӕ, уазджытыл, традицимӕ гӕсгӕ, цытджын ӕгъдауӕй фӕмбӕлдзысты республикӕмӕ ӕрбахизӕны — Ручъы тоннелы цур, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Автоколоннӕтӕ сӕ фӕндаг райдыдтой Уӕрӕсейы фондз горӕтӕй — Архангельск, Севастополь, Брест, Дербент ӕмӕ сакъадах Русскиййӕ. Цхинвалмӕ сӕ ных цы автомобилисттӕ сарӕзтой, уыдон рацыдысты Дербентӕй. Атозгъорд хайадисджытӕ Хуссар Ирыстоны уыдзысты 14-16 апрелы.

Уӕлахизы бонӕн нывонд Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕппӕтуӕрӕсейон автозгъорд "Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы" ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ дӕр

"Цыппӕрӕмы изӕрӕй автоколоннӕйыл сӕмбӕлдзысты Ручъы тоннелы раз. 15 апрелы автозгъорды хайадисджытӕн ис алыварсон нывӕзт — дидинтӕ сӕвӕрдзысты Цхинвалы ӕнусон артыл, бабӕрӕг кӕндзысты "Хӕстон кады музей" ӕмӕ горӕты дыууӕ скъолайӕн та балӕвар кӕндзысты Георгий Жуков ӕмӕ Юрий Гагарины бюсттӕ", — радзырдта комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Афтӕ ма, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалы хайадисджытӕ фӕнд кӕнынц фӕсивӕдимӕ фембӕлд саразын "Россотрудничество"-йы минӕвӕрады.
Автозгъорд Цхинвалы ауадзыны мадзӕлттӕ сорганизаци кӕнын ис фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты бӕрны.

Уӕлахизы бонмӕ автомобилисттӕ ӕрзилдзысты 150 цӕрӕн пунктыл. Мадзал Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр аххӕсдзӕн, Белорус, Китай, Абхаз, Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтыл.

Проект "Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы" уадзы ветеранты ӕппӕтуӕрӕсейон организаци "Боевое братство". Бындур ын ӕвӕрд ӕрцыд в 2012 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0