Ацы Уæлахиз æрхаста...Тадтаты Георгий

© Sputnik / Алексей КовалевПроект "Эту победу ковал...".
Проект Эту победу ковал.... - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект Sputnik Хуссар Ирыстоны фæлгæтты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ хæстæджы хайадисты тыххæй радзырдта Тадтаты Руслан.

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Мах сæрыстыр стæм, нæ хæстон мысæнты архивы кæй сты Хуссар Ирæй рацæуæджыты хъæбатырдзинæдтæ — чызджытæ æмæ лæппутæ, кæцытæ æнæмсæр тохты æвдыстой æнæкæрон хъæбатырдзинад. Сæ иу уыд Тадтаты Георгий.

Тадтаты Георгий Семены фырт райгуырд 1921 азы Хуссар Ирыстоны, Гудисы хъæуы. Уый хъомыл кодта хистæр æфсымæртимæ хæххон хъæуы. 1935 азы Георгийы ныййарджытæ ралыгъдысты Знауыры районы Дидмухайы хъæумæ. Бынæттон совхоз Тадтаты бинонтæн рахицæн кодта зæххы фадыг æмæ сын баххуыс кодта хæдзар саразын.

© Из личного архива Руслана ТадтаеваГеоргий Тадтаев
Георгий Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Георгий Тадтаев

Немыцаг фашисттæ куы æрбабырстой Советон цæдисмæ, уæд æфсымæртæ — Саша, Алексей æмæ Георгий æвæстиатæй бархийæ ацыдысты фронтмæ. Хъыгагæн, Александр æмæ Алексей нал æрæздæхтысты хæсты быдырæй…

Берлины басаст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы Уæлахиз æрхаста… Федор Вахрушев

Кæстæр æфсымæр — Гергий —йæ службæ райдыдта 117-æм Сырхтырысайон Таманы æхсæн дивизийы. Уый цы дæлхайады службæ кодта, уый тохтимæ хызт Керчаг донкъубалы сæрты. Уавæр уыд тынг уæззау. Зæхх кæрзыд бомбæтæ æмæ сармадзаны нæмгуытæй. Ныхмæлæууæджы æнæрлæугæ æхсты бын нæ æфсад бацыд Феодосиямæ. Къомандæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ, Георгийы дæлхайад хъуамæ рабæрæг кодтаид немыцаг æфсады бынат. Уыдонæн бантыст уацары немыцаг солдатты бацахсын, фæлæ ацы операцийы рæстæджы Георгийы уæхск фæцис уæззау цæф æмæ бахауд госпиталмæ.

1943 азы æмбисмæ Георгийы цæфтæ байгас сты, фæлæ йæ дохтыртæ нал ауагътой фронтмæ. Радтой йын иу мæй отпуск, райгуырæн бæстæ бабæрæг кæнынæн.

Хæдзары Георгий базыдта йе фсымæрты трагикон хъысмæт. Фыд не сфæрæзта ацы уæззау маст æмæ амард, уый фæстæ та уæззау рынчыны фæстæ амард сæ мад. Йæ мады йе нусон фæндагыл афæндараст кодта æмæ фæстæмæ аздæхт йæ дивизимæ.

Бестауты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы Уæлахиз æрхаста… Бестауты Григорий

Севастополмæ бахизæны уæззау тохты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй, Тадтаты Георгий хорзæхджын æрцыд III къæпхæны Кады орденæй.

1944 азы Георгий адарддæр кодта службæ минæхсæн хайады, кæцы тохтимæ ахызт Карпатты сæрты æмæ райста активон хайад Чехословакийы горæттæ æмæ хъæутæ немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныны хъуыддаджы, чехословакаг Кашицайы знаджы фидæрттæ ныппырх кæныны тыххæй та не мзæххон хорзæхджын æрцыд II къæпхæны Кады орденæй.

Фашистон Герман басæттыны фæстæ та Тадтаты Георгий райста активон хайад японаг милитаристты ныхмæ тохты.

© Из архива Руслана ТадтаеваГеоргий Тадтаев
Георгий Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Георгий Тадтаев

1946 азы Тадтаты Георгий æрæздæхт Дидмухамæ. Йæ хæдзармæ фæндаг кæрдæджы бын фæцис, фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Райдыдта кусын горæты милицийы, æркодта бинонтæ. Йæ цардæмбал Дуняимæ хъомыл кодта æртæ фырт æмæ æртæ чызджы. Фæстæдæр æй кусынмæ акодтой милицийы областон хайадмæ. Органты цæсгомджын æмæ намысджынæй фæкуыста 30 азæй фылдæр.

1999 азы Тадтаты Георгий Семены фырт. Баззад ын 15 хъæбулы хъæбул æмæ 10 хъæбулы хъæбулы хъæбулы, кæцытæй иу хæссы йæ кадджын фыдæлы ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0