НАТО-Гуырдзыстоны ахуыртæ Хуссар Иры нымайынц стабилондзинадæн тасыл

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæНАТО-йы ахуыртæ Тбилисы
НАТО-йы ахуыртæ Тбилисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фехъусын кодтой, НАТО Гуырдзыстоны йæ хæстон активондзинад кæй фылдæр кæны, Гуырдзыстоны хицауад сабырады гарантитæ куы нæ дæтты, афтæ ма йæ реваншистон тырнындзинæдты æмрæстæджы.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Гуырдзыстонæн НАТО-йы бæстæ-хайадисджытæ (фыццаджыдæр АИШ) цы политикон æмæ æфсæддон æххуыс кæнынц, уый Хуссар Ирыстон нымайы регионы æфсæддон-политикон уавæры дестабилизацийы комкоммæ тасыл, дзырдæуы республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусинаджы.

Гуырдзыстоны 11 майы райдыдтой гуырдзиаг —америкӕйаг ахуыртӕ Noble Partner-2016. Хайад сӕ исы 1300 ӕфсӕддоны АИШ, Стыр Британи ӕмӕ Гуырдзыстонӕй. Гуырдзыстоны хъахъхъӕнынады ведомствӕйӕ ахуырты архайынц хӕдтӕхджытӕ, танктӕ M1A2 Abrams ӕмӕ хӕдтулгӕтӕ Bradley.

Дмитрий Тасойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Вице-спикер: НАТО тырны Уӕрӕсейы ӕндӕвдад регионы аиуварс кӕнынмӕ

Æддагполитикон уагдоны нымайынц, ахæм архæйдтытæ кæй зын кæнынц Женеваг дискусситы форматы иунæг бадзырдон процесс.

"Гуырдзыстоны территоримæ фыццаг хатт баконд æрцыдысты америкæйаг танктæ æмæ фистæгæфсады æфсæддон машинæтæ, Гуырдзыстонмæ æрцæуæг АИШ æмæ Стыр Британийы æфсæддон службæгæнджыты нымæц та у фылдæр, ахуырты цы гуырдзыстойнг дæлхайадтæ архайынц, уыдонæй", — банысан кодтой министрады.

Уагдоны банысан кодтой, сыхаг паддзахады территорийыл НАТО йе ‘фсæддон активондзинад кæй фылдæр кæны, Гуырдзыстоны хицауад разы кæй нæу Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны гарантитæ раттын, афтæ ма йæ къухдариуæгады реваншистон тырнындзинæдты æмрæстæджы.

НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны ахуыртӕ фӕуыдзысты 26 майы. Уыдон цӕуынц ӕфсӕддон базӕ Вазианийы. Дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй сӕ нысан у Гуырдзыстоны ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын. Noble Partner Гуырдзыстоны ахуыртӕ уадзынц ныр дыккаг хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0