Дохтыртæ иууылдæр сты мобилизацигонд, аварийы зианбаййафджытæн кæнынц алыварсон æххуыс

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон ифтонгады министрад æмæ УУМ-ы сæйраг управлени цæттæ сты хуссарирыстойнаг коллегæтæм æххуысмæ æрцæуын.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. фӕндагон-транспортон цауы зианбаййафæг уæрæсейаг æфсæддон службæгæгджытæн кӕнынц алыварсон æххуыс. Дохтыртæ исынц шокы ныхмæ мадзæлттæ, загъта журналисттæн Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон ифтонгады министр Григорий Кулиджанов.

Цыппæрæмы райсом фæфæлдæхт Цхинвалæй райцентр Ленингормæ цæуæг автобус уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытимæ, ахаудта трассæйæ серпантиныл æмæ сæмбæлд бетонæй æмбондыл. Фæмард æхсæз адæймаджы, иннæты фæхæццæ кодтой Цхинвалы медицинон уагдæттæм.

"Ныртæккæ ист цæуынц шокы ныхмæ мадзæлттæ, уый фæстæ аскъуыддзаг кæндзыстæм, цæфтæй кæмæн уыдзæн гæнæн уæрæсейаг медицинон уагдæттæм транспортировкæ кæнын, кæцыты та ныууадзыстæм нæ рынчындоны. Дохтыртæ æмæ медицинон персонал иууылдæр æрцыд мобилизацигонд æмæ кусынц пациенттимæ. Ис нæм æппæт æнæмæнгхъæуæг хостæ æмæ ифтонггарз", — загъта министр.

Аварийы бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны аварийы фæмард æхсæз уæрæсейаг офицеры, 16 та фесты цæфтæ

Трагеди æрцæуынæй фæстæмæ Кулиджанов ис рынчындоны æмæ пациенттæн æххуысы процесс иууылдæр айста йæ хъусдарды бынмæ.
Уый банысан кодта, Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон ифтонгады министрад æмæ УУМ-ы сæйраг управлени цæттæ кæй сты хуссарирыстойнаг коллегæтæм æххуысмæ æрцæуын.

Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы барамындмæ гæсгæ, аэродром Чкаловскийæ ратæхы Æфсæддон-транспортон авиацийы хæдтæхæг бæрзондквалификацион æфсæддон медикты дыууæ къордимæ, зианбаййафджытæн æххуыс бакæныны æмæ сæ Бурденко æмæ Вишневскийы номыл æфсæддон клинеикон госпиталтæм фæхæццæ кæныны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0