Аварийы зианбаййафӕг уӕрӕсейаг офицерты иууылдӕр аластой Цӕгат Ирмӕ

© Sputnik / Мария КотаеваБольница Цхинвала
Больница Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ хъахъхъӕнынады министрады дохтыртӕ аластой уӕрӕсейаг госпитальтӕм се ‘фсӕддонты, кӕцытӕ уӕззау цӕфтӕ фесты Хуссар ирыстоны фӕндагон-транспортон цауы рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны аварийы фӕстиуӕгӕн цы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фӕцӕфтӕ сты, уыдон иууылдӕр аластой Цӕгат Ирыстонмӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Григорий Кулиджанов.

"Цӕфтӕ иууылдӕр, се ‘хсӕн сӕры уӕззау цӕфтӕ чи райста, уыдонӕн дӕр сӕ уавӕр фӕхуыздӕр, сӕ транпортировкӕйӕн ницы тас уыд ӕмӕ ласт ӕрцыдысты Уӕрӕсейы медицинон уагдӕттӕм", — загъта министр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчынты аластой УФ хъахъхъӕнынады министрады дохтыртӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтимӕ иумӕ.

Ӕхсæз уæрæсейаг офицеры фæмард сты, 16 та фесты цæфтæ, Хуссар Ирыстоны, хæххон фæндаг Цхинвал-Хъалцентӕйыл æфсæддон службæгæнджытимæ автобус фæндаджы былæй кæй ахауд, уый фæстиуæгæн.

УФ хъахъхъӕнынады министрады зонæнтæм гæсгæ, автомобилон колоннæйы сконды автобус фæцæйласта офицерты ахуырадон — методикон ахуыртæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0