Сывӕллӕтты боныл Хуссар Ирыстоны сабиты иу къорд сӕмбӕлд Мӕскуыйы

© FacebookСывӕллӕтты боныл Хуссар Ирыстоны сабиты иу къорд сӕмбӕлд Мӕскуыйы
Сывӕллӕтты боныл Хуссар Ирыстоны сабиты иу къорд сӕмбӕлд Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппар боны дӕргъы сидзӕр, науӕд та ӕххуысхъуаг бинонтӕй сывӕллӕттӕн арӕзт ӕрцыд хъӕзныг культурон нывӕзт. Уыдон бабӕрӕг кодтой Мӕскуыйы Стыр театр дӕр.

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон боныл Хуссар Ирыстоны сабиты иу къорд сӕмбӕлд Мӕскуыйы сывӕллӕтты фондты ӕхӕснадӕмон ассоциацийы фӕхуындмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады минӕвар Джиоты Эльза.

Сывæллæтты бон Цхинвалы сабитӕн сарӕзтой цымыдисон бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты бон Цхинвалы сабитӕн сарӕзтой цымыдисон бӕрӕгбон

Мӕскуымӕ Цхинвалӕй афӕндараст кодтой сидзӕр ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонтӕй сывӕллӕтты. Уыдон цыппар боны дӕргъы хъӕлдзӕгӕй ӕрвитдзысты сӕ рӕстӕг ӕмӕ базонгӕ уыдзысты Мӕскуыйы фенддаг бынӕттимӕ.

"Мӕскуымӕ арвыстам дӕс скъоладзауы 11-14 азы кары онг. Сывӕллӕттӕн Уӕрӕсейы сӕйраг горӕты арӕзт ӕрцыд цымыдисон культурон нывӕзт — экскурситӕ, бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, ӕртыццӕджы та федтой Мӕскуыйы Стыр театры спектакльтӕ", — радзырдта Джиоты Эльза.

Сабитӕн Мӕскуымӕ балц арӕзт ӕрцыд сывӕллӕтты фондты ӕхӕснадӕмон ассоциацийы президент Альберт Лихановы фӕхуындмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0