Венесуэла фидар кӕндзӕн йӕ ахастытӕ Хуссар Иримӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПрезидент фембӕлд Венесуэлӕйы хъуыддӕгты рӕстӕгмӕ ӕвджид Хуссар Ирыстоны Альваро Энрике Санчес Кордероимӕ
Президент фембӕлд Венесуэлӕйы хъуыддӕгты рӕстӕгмӕ ӕвджид Хуссар Ирыстоны Альваро Энрике Санчес Кордероимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ис бирӕ къабӕзтӕ, цы ран Венесуэла ӕмӕ Хуссар Ир ӕххуыс кӕндзысты кӕрӕдзийӕн, ӕмгуыстад кӕндзысты, нымайы Венесуэлайы хъуыддӕгты рӕстӕгмӕ ӕвджид Хуссар Ирыстоны Альваро Энрике Санчес Кордеро.

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны президент фембӕлд Венесуэлайы хъуыддӕгты рӕстӕгмӕ ӕвджид Хуссар Ирыстоны Альваро Энрике Санчес Кордероимӕ.

Никарагуа ӕмӕ Венесуэлайы минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ ӕртӕбонон визитимӕ. Раздӕр президент райста ӕууӕнчы грамотӕтӕ Никарагуайы минӕвар Хуссар Ирыстоны Хуан Эрнесто Васкесӕй.

"Ӕхсызгон нын у сымахыл ӕмбӕлын Венесуэлайӕн хӕларадон бӕстӕйы. Хуссар Ирыстонӕн ис хъарм ахаст уӕ республикӕмӕ — куыд хӕлармӕ, кӕцы ӕмбары нӕ тох", — загъта президент.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг хъарм ныхӕстӕ загъта Венесуэлайы раздӕры президент Уго Чавесы тыххӕй, схуыдта йӕ ӕцӕг патриот ӕмӕ сӕрибары сӕрыл тохгӕнӕг.

Хуан Эрнесто Васкес радта ӕууӕнчы грамотӕтӕ  президент Тыбылты Леонидмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид райста ӕууӕнчы грамотӕтӕ Никарагуайы минӕварӕй

"Уый ӕмрӕстӕджы мах хӕцӕм уӕ президент Николас Мадуройы политикӕйы фарс. Абонӕй фӕстӕмӕ лӕудзыстӕм кӕрӕдзи фарс ӕмӕ ӕххуыс кӕндзыстӕм кӕрӕдзийӕн", — загъта президент.

Тыбылты Леонид бахахх кодта, дыууӕ республикӕйы ӕхсӕн бафыст кӕй ӕрцыдысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырдтӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, дыууӕвӕрсыг документты цы принциптӕ ӕвӕрд ис, уыдон.

Рӕстӕгмӕ ӕвджид президентӕн загъта бузныг хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, Хуссар Ирыстоны делегацийы уӕнгтӕ сӕхи кӕй ӕнкъарынц, куыд хӕдзары, афтӕ. Республикӕйы ӕрдз та сын сӕ зӕрдӕйыл ӕфтауы райгуырӕн бӕстӕйы бынӕттӕ.

"Ам стӕм ныр дыууӕ боны ӕмӕ нын тынг ӕхсызгон у, афтӕ узæлгæйæ ныл кӕй ӕмбӕлынц. Мах уыдыстӕм музейы, равдысты, базонгӕ стӕм ирон истори, аивад, националон къӕбицимӕ", — загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Венесуэлӕ лӕууы Уго Чавес цы курс равзӕрста, ууыл ӕмӕ дарддӕр дӕр фидар ӕмӕ арфдӕр кӕндзӕн йӕ ахастытӕ Хуссар Ирыстонимӕ.

"Ис бирӕ къабазтӕ, цы ран нӕ бон у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын, зӕгъӕм, хъӕууон хӕдзарад, кӕцы сымахмӕ активонӕй рӕзы, ӕркӕсӕн ма ис ахуырад ӕмӕ культурӕйы къабӕзты ӕмархайдмӕ дӕр", — банысан кодта Альваро Энрике Санчес Кордеро.

Тыбылты Леонид загъта, цӕмӕй уазджытӕ арӕхдӕр цӕуой Хуссар Ирмӕ, "цы ран алыхатт дӕр цингӕйӕ ӕмбӕлынц хӕлӕрттыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0