Хуссар Иры Павел Шерметы амард схуыдтой Киевы дӕнцон акци

© Sputnik / Стрингер /  Ахизын медиабанкмæПавел Шереметы амӕлӕты бынат Киевы
Павел Шереметы амӕлӕты бынат Киевы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шеремет куыста бирӕ проблемон бӕстӕты, уыдон нымӕцы Хуссар Ирыстоны дӕр, ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр уыд раст ӕмӕ иузӕрдион, хъахъхъӕдта йӕ цӕстӕнгас, дзырдӕуы РХИ Журналистты цӕдисы хъусинаджы.

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны журналистты цӕдис схуыдта зындгонд журналист Павел Шереметы амард Украинӕйы къухдариуӕгады дӕнцон акци, дзырдӕуы ӕхсӕнадон организацийы хъусинаджы.

Журналист Павел Шеремет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зындгонд журналист Павел Шеремет фӕмард Киевы срӕмыгъды рӕстӕджы

Зындгонд журналист Павел Шеремет фӕмард ӕртыццӕджы, машинӕйы спырхы рӕстӕджы украинӕйаг столицӕйы центры. Шереметы амарыны хъуыддаджы фӕдыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг. Украинӕйы президент Петр Порошенко ӕрдомдта тыхон структурӕтӕй журналисты марджыты ссарын.

"Республикӕйы журналистон ӕхсӕнад стыр хъыгимӕ сӕмбӕлд ацы ӕвирхъау хабарыл. Уый у Украинӕйы ныры къухдариуӕгады дӕнцон акци ӕмӕ ӕвдисы бӕстӕйы ахаст сӕрибар ныхасмӕ ӕмӕ демократон принциптӕм, — дзырдӕуы хъусинаджы.

Журналистты цӕдисы банысан кодтой, зӕгъгӕ, Шеремет куыста бирӕ проблемон бӕстӕты, уыдон нымӕцы Хуссар Ирыстоны дӕр, ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр уыд раст ӕмӕ иузӕрдион, хъахъхъӕдта йӕ цӕстӕнгас.

"Ахӕм позици фидар кӕны журналисты авторитет, фылдӕр ын кодта йӕ цыт йӕ коллегӕты ‘хсӕн", — балхынцъ кодтой цӕдисы.
Киевы 44-аздзыд Павел Шеремет цард фӕстаг фондз азы — 2012 азӕй архайдта "Украинская правда"-йы, 2015 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ та уагъта авторон алӕвӕрд "Радио Вести"-йы.

Украинӕмӕ ацӕуыны размӕ, Шеремет куыста Фыццаг каналыл, уыд ӕрвылкъуырион авторон алӕвӕрд "Время"-йы амонӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0