Хъæд ӕнӕзакононӕй цӕгъдыны тыххӕй - ивар

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæОстров Гогланд в Финском заливе
Остров Гогланд в Финском заливе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Калыны бар нæй, донбылгæрæттæ æмæ фæндаггæрæтты лæбырынæй чи хъахъхъæны ахæм хъæд, тала бæлас, тулдз, заз, сабæлут æмæ нæз бæласы мыггæгтæ.

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хъӕдтӕ ӕнӕзакононӕй цӕгъдыны тыххӕй фӕткхалджытӕ цӕудзысты карз ӕфхӕрд. Республикӕйы хъӕды хæдзарад фæдзæхсы, иу бæлас дӕр æнæзакононæн чи ралыг кæна, уый ивар кӕй бафиддзæн бæлæсты аргъӕй 20 хатты фылдæр.

Хуссар Иры æрдзон газ цы районтæм нæ бахæццæ, уым хъӕуты цӕрджытӕ зымӕгон рæстæг сӕ хатæнтæ хъарм кæнынц сугæй. Уыдон арӕх хъӕд цӕгъдынц ӕнӕзакононӕй, калынц куыд зӕронд, афтӕ ногдзыд бӕлӕстӕ дӕр. Уый та стыр зиан хӕссы республикӕйы флорӕйӕн.

Тӕрхъус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕрбайсӕфты къахыл лӕууынц сӕгтӕ, тӕрхъустӕ, скорпионтӕ

"Сугдзаутӕн ӕнӕмӕнг у хъæдгæсæй бӕлӕстӕ ракалыны бар райсын. Хъæдгæстæ рахицæн кæнынц, цы бынæтты ис бар суг калын, стæй ма бафæдзæхсынц, цавæр бæлæсты мыггагӕн нæй гæнæн лыг кӕнын. Кӕм ис гӕнӕн лыг кӕнын, уырдӕм та сын дӕттынц билет, йӕ аргъ у иу мин сомӕй уӕлӕмӕ", — радзырдта Sputnik хъæды хæдзарады управленийы хистæр Чилæхсаты Таймураз.

Уый банысан кодта, калыны бар кӕй нæй, донбылгæрæттæ æмæ фæндаггæрæтты лæбырынæй чи хъахъхъæны, ахæм хъæд, тала бæлӕстӕ, тулдз, заз, нӕзы æмæ сабæлут бæлӕсты мыггæгтæ.

Хъæды хæдзарады фæтк чи не ‘ххæст кæна, уыдоны та æфхæрдзысты административон æгъдауæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0