Скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонты нывтӕ срӕсугъд кӕндзысты театры къултӕ

© Sputnik / Алексей КовалевСтроительство театра
Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывгӕнджытӕ Кӕсойты Лаврентий ӕмӕ Чилӕхсаты Магрез ныридӕгӕн бацӕттӕ кодтой эскиз, кӕцытӕм гӕсгӕ фӕстӕдӕр ныффысдзысты нывтӕ театры фойейӕн. Холлы систӕй адӕммӕ кӕсдзысты скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонтӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры фойе сфӕлынддзысты кӕндзысты националон колориты. Йӕ систыл уыдзысты скифаг, сӕрмӕттаг ӕмӕ алайнаг хӕстонтӕ ӕмӕ паддзахты сурӕттӕ, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг Кӕсойты Лаврентий.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, эскиз у цӕттӕ, йӕ бындурыл ист ӕрцыдысты рагон грекъаг историк Геродоты таурæгътӕ скифты равзӕрды тыххӕй.

"Историк ӕрхаста цалдӕр легендӕйы скифты равзӕрды тыххӕй. Скифтӕ дзурынц, зӕгъгӕ сӕ адӕм равзӕрдысты афтӕ: Сӕ зӕххыл райгуырд фыццаг адӕймаг Таргитай, кӕцыйӕн йӕ ныййарджытыл нымайынц Зевс ӕмӕ цӕугӕдоны чызг Борисфенӕйы. Афтӕ равзӕрд, скифты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Таргитай, уымӕн та райгуырд ӕртӕ лӕппуйы: Липоксай, Арпоксай ӕмӕ кӕстӕр Колаксай", — бамбарын кодта нывгӕнӕг эскизтӕй иуы нысаниуӕг.

Уыдон рӕстӕджы, адарддӕр кодта Лаврентий йӕ ныхас, арвӕй скифты зӕххмӕ ӕрхаудтой сыгъзӕринӕй гутон, ӕфсондз ӕмӕ нуазӕн. Хистӕр ӕфсымӕр сӕ куы ауыдта, уӕд хӕстӕг бацыд, цӕмӕй сӕ сиса, фӕлӕ сыгъзӕрин ссыгъд.

"Афтӕ уыд дыккаг ӕфсымӕримӕ дӕр. Судзынӕй ацы дзаумӕттӕ ӕрлӕууыдысты ӕрмӕстдӕр кӕстӕр ӕфсымр хӕстӕг куы бацыд, уӕд — уый рахаста сыгъзӕрин йӕхицӕн. Хистӕр ӕфсымӕртӕ ацы диссагӕн йӕ мидис бамбӕрстой ӕмӕ паддзахад иууылдӕр радтой кӕстӕр ӕфсымӕрӕн. Ӕмӕ афтӕ, Липоксайӕ равзӕрдысты уыцы скифтӕ, кӕцытӕ хӕссынц авхатты ном", — банысан кодта уый.

© Sputnik / Алексей КовалевХоллы систӕй адӕммӕ кӕсдзысты скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонтӕ.
Эскиз росписи фойе Госдрамтеатра РЮО Л.Касоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Холлы систӕй адӕммӕ кӕсдзысты скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонтӕ.

Нывгӕнджытӕ ныффысдзысты нывтӕ Аивӕдты лицейы ӕрмадзы, уый фӕстӕ уыдон срӕсугъд кӕндзысты фойейы систӕ.

"Театралон нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрезимӕ иумӕ мах сӕххӕст кӕндзыстӕм фойейы систӕ срӕсугъд кӕныны фӕдыл куыст. Эскиз у цӕттӕ, четӕны бӕрц дӕр нын бӕлвырд уыд, фӕлӕ ныр рабӕрӕг, кӕй хъӕуы четӕн фӕкъаннӕгдӕр кӕнын, уымӕн ӕмӕ кусджытӕ систӕ нырма хъуамӕ сныв кӕной ӕлыгӕй. Уымӕ гӕсгӕ, куысты бӕрц бӕлвырдӕй базондзыстӕм, кусджытӕ уал сӕ куыст куы сӕххӕст кӕной, уӕд", — загъта Кӕсойты Лаврентий.

Уый радзырдта, кӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы дӕргъвӕтин ӕмӕ зын куыст ӕмӕ нӕ загъта бӕлвырдӕй йӕ ӕлхынцъон ӕмгъуыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0