Цхинвалы цӕрӕг ссыгъта кӕйдӕр машинӕ ӕмӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын

© Sputnik / Ада БагианСтанция скорой помощи в городе Цхинвал
Станция скорой помощи в городе Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрыгон лӕппу бафтыдта зынг Цхинвалы цӕрӕджы машинӕйыл, уый фӕстӕ хӕдзары бафӕлвӕрдта йӕхи амарын. Лӕппуйы фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ сӕры цӕфимӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕг бафтыдта арт кӕйдӕр машинӕйыл, цӕй фӕстӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕйы.

Горӕты цӕрӕг фехста йӕ сӕр Калашниковы автоматӕй, фӕлӕ йын бантыст рӕстӕгыл рынчындонтмӕ фӕхӕццӕ кӕнын ӕмӕ йын медицинон ӕххуыс бакӕнын.

"22:30 сахатыл республикон рынчындонмӕ фӕхӕццӕ кодтой Цхинвалы 24 аздзыд цӕрӕджы сӕры цӕфимӕ", — загътой МХМ-ы пресс-службӕйы.

Тыхон уагдоны кусджытӕ бынаты куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй горӕты цӕрӕг бафтыдта арт ӕндӕр ӕмбӕстаджы машинӕйыл, цӕй фӕстӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын.

Зианбаййафӕджы хӕдзар басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд ӕмӕ байстӕуыд автомат АК-74.

Ног хабӕртты лентӕ
0