Фыд Иаков: Мадымайрӕм 2008 азы йе ‘Мбӕрзӕны бын бакодта Цхинвал

© Sputnik / Алайнаг епархийы пресс-службӕЧырыстон балц Дзауы районмӕ
Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры, куыд ӕппӕт чырыстон дунейы, рӕстдинонтӕ нысан кӕныц Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбон. Уый æрвылаз дæр нысан цæуы 14 октябры æмæ у сæйраг 12 бæрæгбӕттæй иу. Рагон æгъдаумæ гæсгæ, ацы бæрæгбонæй адæм райдайынц дзуарӕфтыд исын æмæ къайады бацыды аргъуыд аразын.

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Алайнаг епархийы динамонджытӕ Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбоны ӕрсидтысты Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм ацы бон ӕрбацӕуын аргъуантӕм ӕмӕ уӕлдай ӕнувыддӕрӕй скувын Хуыцауы Ныййарӕгмӕ, цӕмӕй ӕппӕт республикӕйы адӕмӕн радта йӕ хорзӕх.

Хуссар Иры рӕстдинонтӕ майрæмбоны нысан кӕнынц Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбон. Бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы аргъуанты уагъд цӕуынц Хуыцаумæ скуывдтытæ.

Празднование Вербного воскресенья в Московской области - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирмӕ ӕрластой Фырсыгъдæг Мадымайрæмы уазныв Авдфатон Мӕскуыйӕ

"Хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕ уӕлдай табу кӕнынц Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмӕн. Республикӕйы аргъуанты фылдӕр хай сты йӕ сыгъдӕг номыл. Цӕрджыты фидарӕй уырны, 2008 азы хӕсты рӕстӕджы дӕр ӕрмӕстдӕр Фырсыгъдӕг Мадымайрӕм кӕй бахъахъхъӕдта Цхинвалы знагӕй. Бирӕтӕ федтой горӕты сӕрмӕ урс хъуымацы хуызӕн мигъ, уый Мадымайрӕм ӕрыхгӕдта нӕ горӕты йе ‘Мбӕрзӕнӕй", — загъта Sputnik Алайнаг епархийы динамонæг фыд Иаков (Хетæгкаты).

Уый ма банысан кодта, ацы фæззыгон бӕрӕгбонӕй иу ирон адæм кӕй балхынцъ кодтой Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы цытгӕнӕн бонтӕ.

"Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бон иу нӕ фыдӕлтӕ арæзтой чындзæхсæвтæ, кодтой къайады бацыды аргъуыд, истой дзуарæфтыд", — радзырдта динамонæг.

Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Ӕмбӕрзӕны бӕрӕгбон нысан цӕуы X ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Уӕд 14 октябры хӕстон уавӕры Византийы сӕйраг горӕт Константинополы Влахернаг аргъуаны сӕрмӕ Мадымайрӕм айтынг кодта йӕ Ӕмбӕрзӕн ӕмӕ адӕмы бахызта фыдбылызӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0