Хуссар Ир фӕаххосджын кодта Гуырдзыстоны арӕнгӕрон амонӕджы ссыгъды

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынг ахызт арӕнгӕрон амонӕгмӕ, Гуырдзыстоны территорийыл хус кӕрдӕгыл арт куы бафтыдтой, уый фӕстӕ, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Санахъоты Дауыт.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Механизмтӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фӕмбӕлды Хуссар Ирыстоны делегаци фехъусын кодта, Гуырдзыстонимӕ арӕныл арӕнгӕрон амонӕгыл артӕфтыды тыххӕй.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргълӕууӕг Санахъоты Дауыт куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй арӕнгӕрон амонӕг ссыгъд, Гуырдзыстоны территорийыл хус кӕрдӕг куы ссыгътой, уый фӕстӕ.

"Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй кӕрдӕгыл артӕфтыды фӕстиуӕгӕн хӕлд ӕрцыд информацион амонӕг. Мах ӕруынаффӕ кодтам зынджы ныхмӕ тӕгтӕ ауадзыны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадыл. Ацы фадыгыл нӕ уыд зынджы ныхмӕ таг, уымӕ гӕсгӕ арт ахызт арӕны хаххы сӕртыл", — загъта Санахъоты Дауыт журналисттӕн.

Уый банысан кодта, хабары фӕдыл хуссарирыстойнаг фарс кӕй хъавы сӕндидзын кӕнын зынджы ныхмӕ траншейты хӕрзарӕзтад, сӕрды ацы мадзал ӕхгӕндзӕн фӕндаг зынгӕн арӕны сӕрты рахизынӕн.

Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арӕн фехӕлдтой гуырдзиаг полицийы кусджытӕ

Хайадисджытӕ ма ӕруынаффӕ кодтой арӕныл инцидентты статистикӕ фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ. Санахъоты Дауыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ уыцы рӕстӕджы авд хатты фехӕлдтой Республикӕ Хуссар Ирыстоны арӕны режим.

"Ӕмбӕлон процедурӕтӕ рацӕуыны фӕстӕ арӕнсӕтджытӕй цыппарӕй лӕвӕрд ӕрыдыдысты гуырдзыстойнаг фарсӕн. Хуссар Ирыстоны ма сты дыууӕ гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ арӕны фехалыны факты фӕдыл тӕрхондонон равзӕрсты фӕстӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты гуырдзыстойнаг фарсӕн", — загъта уый.

Делегацийы сӕргълӕууӕг ма фехъусын кодта, радон хатт кӕй банхъардтой гуырдзиаг коллегӕтӕн арӕны дарддӕры демаркаци ӕмӕ делимитацийы фӕдыл иумӕйаг куыст, кӕцы ратдзӕн фадат дарддӕр арӕны режим фехалыны цаутӕ аиуварс кӕнынӕн.

"Гуырдзыстойнаг фарс нырма цӕттӕ нӕу, уымӕ гӕсгӕ арӕны хӕрзарӕзтады фарстытӕ мах дарддӕр дӕр скъуыддзаг кӕндзыстӕм иуварсонӕй", — загъта Санахъоты Дауыт.

ИӔАМ-ы фӕлгӕтты радон фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн 2016 азы 30 ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0