Хуссар Ирыстоны ног парламент ӕвзардзысты ӕмхӕццӕ системӕмӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæВыборы президента Южной Осетии
Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны закондӕттӕн орган цӕмӕй рӕзт цӕуа ажоритарон-пропорционалон системӕмӕ гӕсӕ, уый тыххӕй депутатты парламентон сессийыл сӕ хъӕлӕстӕ радтой 29 депутаты 30-ӕй.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы бахаста Конституцимӕ барастгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ радон депутатон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ гӕсгӕ. Депутатон корпусы ӕрдӕг ӕвзӕрц ӕрцӕудзӕн политикон партиты номхыгъдтӕм гӕсгӕ, ӕннӕ ӕрдӕг та — иумандатон ӕвзӕрстон зылдтӕй.

Здание парламента Республики Южная Осетия в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты президиум сразы ис ӕвзӕрстыты ӕмхӕццӕ системӕмӕ рахызтыл

Закондӕттӕн инициативӕимӕ амӕй размӕ раныхас кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид.

"Ӕвзӕрстон системӕйы ӕрнывыл кӕныны тыххӕй президент иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ дзырдта. Проект арӕзт ӕрцыд ӕвзӕрстыты ахӕм системӕмӕ ахизыны нысанӕн, кӕцымӕ гӕсгӕ депутаттӕ ӕвзӕрст цӕуынц куыд политикон партиты номхыгъдтӕм гӕсгӕ, афтӕ иумандатон ӕвзӕрстон зылдтӕй дӕр. Уый цӕрджытӕн ратдзӕн уӕрӕхдӕр равзӕрст депутатты хсӕн, цӕ политикон партиты хсӕн уӕвынад кӕнынц, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ", — загъта президенты минӕвар парламенты Козаты Мӕдинӕ.

Закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты разамонӕг Коцты Олеся банысан кодта, ацы вазыгджын законыпроектыл комитет кӕй бакуысты лыстӕггай, цӕмӕй фидӕны уый ма расайа йӕ фӕстӕ мацы згъуыдтытӕ.

"Мах куыстам законы проектыл, кӕцы фадат дӕтты парламенты бынӕттӕ ӕмхуызон адих кӕнынӕн. Ӕмбӕстаг партитӕй куы никӕцыйы рӕнхъыты уа, уӕх уый хъуамӕ цӕлхдур ма суа йӕ куыстӕн закондӕттӕн органы", — загъта уый.

Сессийы цы 30 депутаты уыд, уыдонӕй 29 сразы сты законыпроект райсыныл, иу депутат та ницы дзуапп радта.

Ног хабӕртты лентӕ
0