Транскам зæйтæй хъахъхъæндзысты 200 адæймаджы

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæРасчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали
Расчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскамы æвзæр боныгъæдты рæстæджы архайæг къорды сконды ис 177 адæймаджы æмæ техникæйы 45 иуæджы.

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад æмгуыст кæны Транскавказы автомагистралы æппæт службæтимæ трассæйыл æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн, хъусын кæны УФ УУМ регионалон управленийы пресс-службæ.

Как транскам занесло снегом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам куыд фӕцис миты бын

Уагдоны банысан кодтой, Цæгат Ирыстоны уæлхох районты 6-8 декабрьмæ тас кӕй у зæйтæ рацæуынæй. Иууыл тæссагдæр уавæр сæвзæры Буронæй Ручъы тоннелы цæгаттаг хайы онг, ацы фадыджы ис 234 зæйрацæуæн бынаты, уыдонæй 172 сты фæндагыл.

"Транскамыл фæндагон змæлды æдасдзинады сæраппонд УФ УУМ Цæгат Ирыстоны хайад æмгуыст кæны Автоинспекци, Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад, Арæнхъахъхъæнджыты управлени, Таможнæ æмæ æндæр бæрнон службæтимæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Транскамы æвзæр боныгъæдты рæстæджы архайæг къорды сконды уыдзӕн 177 адæймаджы æмæ техникæйы 45 иуæджы

Бахъуыды рæстæджы УУМ бакæндзæн цæугæ хъармгæнæн пункт дӕр.

"Царды фæндаджы" тæссагдзинæдтæ
Царды фæндаджы тæссагдзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Царды фæндаджы" тæссагдзинæдтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0