Транскам сыгъдæг кæнынц зæйтæй

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæНа заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги
На заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаджы цæгатирыстойнаг фадыгыл фехстой зæйцæуæн бынæттæ æмæ бавнæлдтой трассæ митæй сыгъдæг кæнынмæ, фæлæ бæстонæй нырма бæрæг нæу, фæндаг кæд байгом уыдзæн.

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Транскавказы магистралыл фæндагон змæлд нырма у æхгæд, фæлæ фæндагон службæтæн бантыст, зæй æрцæуынæй тас кæм уыд, уыцы бынæттæ фехсын, загътой Sputnik Уæрæсейы УУМ Цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæйы.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн иунæг трассæйыл фæндагон змæлд æрæхгæдтой дыццæджы изæрæй. Æнæхъæн æхсæв хæхтыл митуард не ʻрынцад æмæ уыд тынг асæст. Фæндагон службæтæн нæ бантыст æвæстиатæй куыстмæ бавналын.

"Ныридæгæн Транскам нырма у æхгæд. Хæхтыл нырма дæр у асæст. Фæлæ фæндагон службæтæн бантыст, зæй рацæуынæй тас кæм уыд, уыцы бынæттæ фехсын æмæ бавнæлдтой фæндаг сыгъдæг кæнынмæ. Кæд боныгъæд нæ февзæрдæр уа, уæд æввахс рæстæджы куыстытæ фæуыдзысты", — загътой пресс-службæйы.

УУМ Цæгатирыстойнаг управленийы банысан кодтой, фæндагон змæлд Транскамыл кæд байгом уыдзæн, уый тыххæй нырма бæстон информаци нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0