Фыд Иаков: республикӕйы цӕрджыты фылдӕр хай райста донаргъуыд

Рафыссын
Хуыцауы раргомы бæрæгбонӕй рæстдинонтæ балхынцъ кæндзысты Чырыстийы райгуырды сыгъдæг бонтæ, райдайдзæн æнцад рæстæг æмæ Стыр Комдарæнмæ æнхъæлмӕкаст.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik. Доныскъæфæны бӕрӕгбоны Алайнаг епархийы динамонджытæ Леуахийы цӕугӕдоны саргъаудзысты 50 адæймагыл.

Дзуарæфтыд райсынæй дарддæр ма ацы стыр рæстдинон бæрæгбоны адæм фӕцæуынц Леуахимæ сыгъдæг доны ныгъуылынмæ — Доныскъæфæнты дӕттӕ иууылдӕр нымад цӕуынц сыгъдӕгыл ӕмӕ ахæссынц адæймагæн йæ тæригъæдтæ.

"Иууыл фылдæр дзуарæфтыд истой 2008 азы августы хæсты фæстæ æзты, уæд-иу доныскъæфæнты сæ нымæц хызтис 200-йæ. Ивгъуыд аз дзуарæфтыд райстой 80 адæймаджы, се хсӕн бирӕ сабитӕ дӕр. Ныййарджыты уырны, сæ цот зымæгон Леуахийы уазал доны кӕй нӕ фӕрынчын уыдзысты, уый та дзурӕг у Хуыцауы стыр тыхыл", — радзырдта епархийы динамонӕг фыд Иаков (Хетӕгкаты).

Динамонӕг ма бамбарын кодта, ацы аз Леуахийы дзуарæфтыд райсынмӕ чи хъавы, уыдон æртыццæджы цыппар сахатыл хъæуы ныццæуын Цхинвалы Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуанмæ.

Леуахийы былыл ацыдысты дзуарæфтыд ӕмӕ доныскъæфæнтæ

"Динамонджытæ сын бамбарын кæндзысты дзуарæфтыды нысаниуæг. Уый фæстæ райдайдзысты Хуыцауы раргомы бæрæгбонон скуывдтытæ, стӕй ауадздзыстӕм фыццаг донаргъуыд", — загъта уый.

19 январы та Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны райсом дæс сахатыл уагъд ӕрцӕудзӕн Хуыцаумæскуывд, уый фæстæ та чырыстон адӕм дзуархæсгæ цыдæй сæ фæндаг сараздзысты бынæттон Иорданмӕ — Леуахимæ. Ам донаргъуыды фæстæ райдайдзæн дзуарæфтыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0