ФХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ ОБСЕ эксперт ӕруынаффӕ кодтой ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты агурыныл

© Sputnik / Ада БагианМИД
МИД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон эксперт равдыстой тырнындзинад ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы агурыны фӕдыл конструктивон ӕмгуыстад адарддӕр кӕнынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицӕуттӕ бакӕндзысты алыварсон ӕххуыс ӕхсӕнадӕмон эксперт Душан Игньятовичӕн ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕм агурыны фӕдыл куысты, загъта фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Мурӕт экспертимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
ОБСЕ эксперты доклад равдыста, Гуырдзыстон кæй у аххосджын РХИ æмбæстæгты фесæфты

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй ОБСЕ æрбахуыдта уголовон равзӕрстыты фӕдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы.

Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта 2015 азы октябры æмæ цалдӕр мӕйы фӕстӕ æрбавдыста йæ рекомендацитæ. Фӕлӕ ныры онг дӕр Гуырдзыстоны къухдариуӕгад йӕ хӕсыл нӕ банымадта ацы рекомендацитӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ ОБСЕ банымадта ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл эксперты куыст адарддӕр кӕнын.

"Фембӕлды рӕстӕджы уынаффӕ цыд, Игньятович ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хъысмӕт сбӕрӕг кӕныны фӕдыл цы куыст кӕны, уымӕ хауӕг фарстытыл, афтӕ ма ацы аз эксперты дарддӕры архайды тыххӕй", — хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

ФХМ-ы банысан кодтой, экспертимӕ фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ кӕй равдыстой тырнындзинад ахсджиаг гуманитарон проблемӕ аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл конструктивон ӕмгуыстад адарддӕр кӕнынмӕ.

Полпред президента по посткофликтному урегулированию Мурат Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ныфс ӕвӕры ОБСЕ экспертӕй ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ссарыны хъуыддаджы

"Джиоты Мурӕт ногӕй бафидар кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад кӕй у цӕттӕ алыварсон ӕххуыс бакӕнын ӕхсӕнадӕмон эксперт Душан Игньятовичӕн йӕ архайды", — загътой ФХМ-ы.

Амӕй размӕ Джиоты Мурӕт загъта Sputnik, хуссарирыстойнаг фарс кӕй у райгонд эксперты куыстӕй, кӕцы "аразы йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый".

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0