Боксер Ӕлборты Игоры ӕрцахстой дывӕр лӕгмарды гуырысхойы фӕдыл

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæРабота вневедомственной охраны московской полиции
Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрфарсты рӕстӕджы Ӕлборты Игорь ӕмӕ Алан басастысты, Гояты кӕй амардтой сӕ хӕстӕджы лӕгмарды маст сисыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik. Хъӕрӕсе-Черкесы Слестгӕнӕн комитет фехъусын кодта, дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ кӕй бакодта ахӕсты Европӕйы дыууӕ хатты чемпион Ӕлборты Игоры фарон ноябры дывӕр лӕгмард саразынмӕ гуырысхойы фӕдыл, фехъусын кодтой РИА Новостий Слестгӕнӕн комитеты слестгӕнӕн управленийы.

"Тӕрхондон ӕрцахста Ӕлборты Игорь ӕмӕ Аланы дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ фыд ӕмӕ фырты амарыны хъуыддаджы фӕдыл", — загъта агентады дзырдӕмбал.

Фӕдагуырды зонӕнтӕм гӕсгӕ, фарон ноябры баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг фыд ӕмӕ фырты амарыны факты фӕдыл. Куыд нысан цыд, афтӕмӕй 30-аздзыд Гояты Аланы мард буар ссардтой асинтыл бирӕнымӕц цӕфтимӕ, йӕ 70-аздзыд фыд Александры буар та ссардтой фатеры, уый дӕр бирӕнымӕц цӕфтимӕ. Ведомствӕ азымгондты ӕрцахсыны тыххӕй фехъусын кодта цыппӕрӕмы.

Хъӕрӕсе-Черкесы Слестгӕнӕн комитеты слестгӕнӕн управленийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрфарсты рӕстӕджы Ӕлборты Игорь ӕмӕ Алан басастысты, Гояты кӕй амардтой сӕ хӕстӕджы лӕгмарды маст сисыны тыххӕй.

Прессӕйы зонӕнтӕм гӕсгӕ, азымгонд Ӕлборты Игорь у Европӕйы дыууӕ хатты чемпион ӕрыгӕтты ӕмӕ фӕсивӕды ӕхсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0