Тыбылты Леонид кандидатты бафӕдзӕхста хицауад ӕмӕ оппонентты ӕфхӕрдӕй хи бахизын

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезиденто Республики Южная Осетия Л.Тибилов
Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ хъӕуы руадзын 2011 азы цауты фӕлхатт, кӕцытӕ Хуссар Иры ӕркодтой ӕмбӕстагадон ныхмӕлӕуды арӕнхахмӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид ӕрсидт паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ претенденттӕм ӕвзӕрстагъоммӕ дугътӕ уадзын барадон адагы ӕмӕ хи бахизын архайгӕ хицауад ӕмӕ оппоненты ӕфхӕрынӕй. Уый тыххӕй паддзахады сӕргълӕууӕг загъта ӕртыццӕджы апарахатгонд хъусинаджы.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и спикер парламента РЮО Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕмӕ спикерӕн ис ӕмхуызон шанстӕ уӕлахизӕн, равдыста ӕрфарст

Хуссар Ирыстоны парламент 17 январы фехъусын кодта, радон президентон ӕвзӕрстытӕ ауадзыны датӕ — уыдон ацӕудзысты 9 апрелы.

"Дзыллон информацийы фӕрӕзты, уӕлдайдӕр та социалон хызӕгты, уагъд цӕуы активон ӕвзӕрстагъоммӕ ныхмӕлӕуд, уыцы архайд та дзуапп нӕ дӕтты бынӕттон закондӕттынадӕн. Уӕлдай катайы та ӕппары уыцы хъуыддаг ӕмӕ сӕ фарцхӕцджытӕ кӕй уадзынц ӕргом кампани архайгӕ хицауад ӕмӕ оппоненты дискредитацийӕн. Арӕх уый уагъд цӕуы ӕфхӕрыны хуызы, цӕмӕн ӕруадзӕн нӕй. Ахӕм уавӕры ӕз, куыд РХИ архайгӕ президент, сидын барадон ададжы арӕнтӕй ма рахизынмӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Президенты хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ хъӕуы руадзын 2011 азы цауты фӕлхатт, кӕцытӕ Хуссар Иры ӕркодтой ӕмбӕстагадон ныхмӕлӕуды арӕнхахмӕ.

"Ӕз, куыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны президент — РХИ Конституцийы гарант, фидарӕй дзурын, кӕй уыдзысты арӕзт ӕппӕт уавӕртӕ адӕмы сӕрибар фӕндӕн законмӕ гӕсгӕ равзарынӕн", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Абоны бонмӕ президенты бынатмӕ сӕ кандидатурӕтӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы архайгӕ президент Тыбылты Леонид, экс-президент Кокойты Эдуард, парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0