Хуссар Ир инаугурацийы размæ сæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

Государственная граница Южной Осетии с Грузией
Государственная граница Южной Осетии с Грузией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæн сæхгæндзысты дыууæ боны æмгъуыдмæ, ацы мадзæлттæ здæхт сты равзæрстгонд президенты инаугураци рæстæджы æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæн æхгæд уыдзæн равзæрстгонд президент Бибылты Анатолийы йæ бынатмæ бахизыны бон, загътой Sputnik ПӔК пресс-службæйы.

Бибылты Анатолийы инаугураци ацæудзæн майрæмбоны, 21 апрелы республикон стадионы. Цытджын церемонимæ æнхъæлмæ кæсынц уазджытæм Уæрæсейæ, Абхазæй, ДАР, ЛАР, Днестргæрон республикæ æмæ Хæххон Карабахæй.

"Хуссар Ирыстоны президенты инаугурацийы рæстæджы æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæныны оххыл 20 апрелы 20:00 сахатæй 22 апрельмæ æруромдзысты фæхуымæтæгдæргонд режиммæ гæсгæ уадзæн пунктты куыст", — загътой уагдоны.

Уадзæн пунктты куыст хуымæтæг режиммæ гæсгæ райдайдзæн 22 апрелы райсом 7:00 сахатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0