Дзӕуджыхъӕуы Ирон театр йæ уалдзыгон гастролтæ райдыдта Цхинвалæй

© Sputnik / Наталья АйриянПразднование дня театра в Государственном драматическом театре им. К.Л. Хетагурова
Празднование дня театра в Государственном драматическом театре им. К.Л. Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы бонты Ирон театры сфæлдыстадон къорд равдисдзӕн комеди "Къафетты къопп", чысыл кæсджыты та барæвдаудзæн аргъау "Сырх худ"-æй.

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны ирон академион театр дыууæбонон гастролты æрзилдзæн Хуссар Ирыстоныл, хъусын кæны РЦИ культурæйы министрады сайт.

Здание Госдрамтеатра Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нарты уӕларвон зӕдтӕ сфӕлынддзысты театр, нывгӕнджытӕ ӕрӕвнӕлдтой аивнывкӕнынадмӕ

Ирон театры труппӕ Цхинвалы йӕ равдыстытæ æрбайгом кæндзӕн къуырисæры, 24 апрелы.

"Сфæлдыстадон къорд дыууæ боны дæргъы уыдзæн Хуссар Ирыстоны, равдисдзӕн комеди "Къафетты къопп", чысыл кæсджыты та барæвдаудзæн аргъау "Сырх худ"-æй. Уыдон канд Цхинвалы нӕ, фӕлӕ ма сӕ спектакльтӕ хъавынц равдисын районты дӕр", — дзырдæуы хъусинаджы.

29 апрелы та Ирон театры труппæмæ æнхъæлмæ кæсынц Кæсæг- Балхъары. 15-17 майы артисттыл æмбæлдзысты Хъæрæсе-Черкесы, 20-24 майы та — Абхазы.

Ног хабӕртты лентӕ
0