ПӔК-ы радзырдтой Хъæухæдзарады министры æрцахсты аххосæгты тыххæй

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæБорьба с преступностью
Борьба с преступностью - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уголовон хъуыддаг баконд æрцыд "Фæлывддзинад" статьямæ гæсгæ, Плиты Виталийæ дарддæр ма æрцахстой ноджы иу Хуссар Ирыстоны æмбæстаг

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. РХИ паддзахадон æдасдзинады комитет бакодта уголовон хъуыддаг хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Плиты Виталийы ныхмæ, фехъусын кодтой Sputnik ведомствæйы пресс-службæйы.

Министерство сельского хозяйства Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК ӕрцахста хъӕууон хӕдзарады министры х.ӕ.

Уголовон хъуыддаг баконд æрцыд хъæууон хæдзарады министрады дæлбар паддзахадон куыстуаты бюджетон фæрæзтæ ныппаплой кæныны фæдыл "Фæлывддзинад" статьямæ гæсгæ.

"Уголовон хъуыддаджы развæлгъау равзæрсты рæстæджы, 27 апрелы азымгонды хуызы ахст æрцыдысты хъæууон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Плиты Виталий Суликъойы фырт æмæ æмбæстаг Джиоты Александр Димитры фырт", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Барадхъахъхъæнæг органтæ уадзынц слестгæнæн мадзæлттæ.

Плиты Виталий лæвæрдта къухдариуæгад хъæууон хæдзарады министрадæн дыууæ хатты — 1998-2001 æмæ 2015-2017 азты.

2012-2015 азты та Плиты Виталий уыд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0