Алайнаг епархи самайдзæн аргъуан цхинвайлаг ахæстоны

© Sputnik / Наталья АйриянПосещение священнослужителями заключенных
Посещение священнослужителями заключенных - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахстуæвджытæ сæхæдæг дӕр тырнынц арæзтады хайад райсынмæ, банысан кодта динамонӕг

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг ахæстоны Алайнаг епархи самайдзæн рæстдинон уырнынады къуым. Ныридæгæн куыст цæуы аргъуаны проектыл, фехъусын кодта Sputnik епархийы службæгæнæг Бекъойты Роланд.

Матушка Серафима - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæрзаудæн сихор: Алайнаг епархи бакодта ӕххуысхъуаг адӕмӕн æнӕаргъ хæрæндон

Алайнаг епархийы минæвæрттæ арӕх бабæрæг кæнынц тыхст уавæрты бахауæг адæмы, се ʻхсæн зæрæдты хæдзары цӕрджытӕ, скъола-интернаты сабитӕ, æххуысхъуаг бинонтæ, цхинвайлаг ахæстоны се ‘мгъуыд чи ӕрвиты, уыдоны. Ахстуæвджытимӕ динмонджыты фембæлдтæ фӕстаг рӕстӕджы ссисты æрвылкъуырион. Ахӕм фембӕлдты рӕстӕджы рахастӕуыд фӕндон уыдонӕн аргъуан саразыны фӕдыл.

"Ахæстоны къухдариуӕгадмæ кувӕндон саразыны хъуыды рагæй уыд. Ныр дæр дзы ис чысыл кувæн къуым, фæлæ уый ис ныккæнды. Ахстуæвджытæ сæхæдæг дæр тырнынц кувæндоны арæзтадмæ сæ хайбавæрд баххæсын. Ныртӕккӕ куыст цæуы ӕхгӕд территорийыл кувæндоны бынат æмæ проект равзарыныл", — загъта Бекъойты Роланд.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ахстуӕвджытӕ динамонджытыл алыхатт дӕр æмбæлынц зæрдæхæларæй, фӕныхас кæнынц цардуагон æмæ динон фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0