УУМ-ы сæргълæууæг: инспектортæ сгарынц ахуырадон æмæ скъолаагъоммæ уагдæттæ

© Sputnik / Наталья АйриянАлан Тадтаев
Алан Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УУМ-ы специалисттæ басгардзысты, куыд цæуы хъахъхъæд зынджы ныхмæ æдасдзинад ахуырадон æмæ скъолаагъоммæ уагдæтты

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны территорийыл 2017 азы фыццаг æмбисы æрцыд регистраци 16 зынгсирвæзты æмæ 274 ссыгъды. Республикæйы оперативон уавæрæн аргълæвæрд арæзт цæуы, куыд стабилон. Уый тыххæй республикон УУМ-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан радзырдта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.

Пал сухой травы - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ УУМ хистæр: зынгирвæзтыты азымджын сты æнæмæт адæм

УУМ-ы сæргълæууæг банысан кодта, зынгсирвæзттæ æмæ ссыгъдты сæйраг аххосæг кæй свæййы адæймагон фактор — цыбыр ныдзæвд æмæ зынгсирвæзтты ныхмæ уагæвæрды фехæлд.

"Ацы аз зынгсирвæзтты фæстиуæгæн республикæйы амард иу адæймаг — æмбæстаг афынæй йæ къухты тамакоимæ. Уымæй дарддæр ма зынджы амæттаг ссисты æхсæз хæдзары, дыууæ автомашинæйы æмæ дыууæ кондадон объекты республикæйы территорийыл", — загъта министр.

Тадтаты Алан аздæхта хъусдард, УУМ-ы инспектортæ кæй ауадздзысты ахуырадон æмæ скъолаагъоммæ уагдæтты нывæзтгонд басгæрст, куыд сæ цæуы хъахъхъæд зынгсирвæзтты ныхмæ уагæвæрд, уый рафæлгъауыны нысанæн.

"Кусджытæ æрæвналдзысты ахуырадон æмæ скъолаагъоммæ уагдæтты басгæрстмæ августæй. Тынг карзæй нæ хъус дардзыстæм зынгсирвæзтон æдасдзинады уагæвæрдмæ, суанг объект сæхгæныны онг", — банысан кодта министр.

УУМ-ы специалисттæ ахуырадон уагдæттæ сгарынц афæдзы мидæг дыууæ хатты — ахуыры азы райдианы æмæ ногазон бæрæгбæтты размæ. Раргомгонд фæткхæлдты цауты фæдыл дирекцитæн лæвæрд цæуы 1-1,5 азы сæ аиуварс кæнынæн. Кæд домæнтæ æххæст не ′рцæуой, уæд УУМ-æн ис бар объект сæхгæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0