Президент: резонансон фыдракæндтæ Хуссар Иры ӕргом æрцыдысты

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий налат фыдракæндты аххосаг схуыдта республикæйы хицауады раивд, кӕцыйы фæстиуæгæн тыхон структурæтæ бауагътой лæмæгъдзинæдтæ сæ куысты

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæстаг цалдæр мæйы цы резонансон фыдракæндтæ арæзт æрцыдысты, уыдон раргом æрцыдысты науæд та уымæ лæууынц æввахс, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы, кæцы нывонд у бынатмæ бацæуыны 100 боны сæххæстæн.

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ-ы радзырдтой Цхинвалы цæрæджы адавыны фæдыл равзæрсты цыды тыххæй

Президент налат фыдракæндты аххосаг схуыдта республикæйы хицауады раивд, кӕцыйы фæстиуæгæн тыхон структурæтæ бауагътой лæмæгъдзинæдтæ сæ куысты.

"Адæм æххæст кодтой сæ куыст, снысан сæ кæндзысты æви нæ, уый нæ зонгæйæ, уыцы рæстæджы та куыст рæстмæ æххæст нæ цыд. Ныртæккæ уавæр хуыздæр кæны æмæ мæ фæнды зæгъын бузныг, æнæххæст суткæмæ адæймаджы адавыны фыдракæнд цы тыхон стуктурæты кусджытæ раргом кодтой, уыдонæн", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма æрдзырдта бастдзинады паддзахадон комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасанмæ балæбурды тыххæй дæр, зæгъгæ, фыдвæндгæнджыты ныридæгæн ссардтой.

"Уыдон хъавыдысты фӕдагуырд схӕццӕ кӕнын, саразын дилетантты хуыз, фӕлӕ сын ницы рауад. Бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмбырд ӕрцыдысты", — банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Уый бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны фыдракӕндтӕ чи аразы йе ‘мбӕстӕгты ныхмӕ, уыдон кӕй нымайы республикӕйы знӕгтыл.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыдракӕндтӕ никуы ис гӕнӕн аразын, фӕлӕ мӕнӕн ис ахӕм ахаст уыцы адӕммӕ, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны ӕмӕ аразынц фыдракӕндтӕ се ‘мбӕстӕгты ныхмӕ. Уыдон хъуамӕ ӕрцӕуой иууыл карз ӕфхӕрд законы фӕлгӕтты", — загъта президент.

Дменис арбузы - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ бастдзинады комитеты сæргълæууæджы фæнадтой æмæ дзы байстой æхца

Цхинвалы цæрæг Цхуырбаты Александры адавтой йæ зæххы фадыгæй Присы хъæуы. Оперативон кусджытæ æрцахстой, зæрдæ кæмæ ахсайдта фыдракæнд саразынмæ, уыдонæй иуы — Къæбысты Андрейы. Уый басаст ноджы цалдæр фыдракæнд саразыны хъуыддаджы, кæцытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, сарæзта цавæрдæр Гæбæраты Сæрмæтимæ. Ныртæккæ уый агурынц тыхон структурæты минæвæрттæ.

Ацы аз майы ма республикæйы арæзт æрцыд ноджы иу резонансон фыдракæнд — æбæрæг гоймæгтæ балæбурдтой бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг 58-аздзыд Джиголаты Хасаны хæдзармæ Дменисы хъæуы. Фыдвæндгæнджытæ ахастой хæдзарæй сыгъзæринтæ æмæ 385 мин сомы æхца.

Ног хабӕртты лентӕ
0